Финансты министр радзырдта, кæмæн æмæ цас фæфылдæр уыдзысты сæ мыздтæ хуссар Иры

© Sputnik / Natalia Airiyan Хæбæлаты Аза
Хæбæлаты Аза - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.04.2021
Рафыссын
Республикæйы хицауад бæлвырдæй нæ дзуры, кæд фæфылдæр уыдзысты мыздтæ, æрмæст бамбарын кодтой, æмбæстæгтæн фæфылдæргонд мызд кæй бафиддзысты 2021 азæй банымайгæйæ

ЦХИНВАЛ, 28 апр - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Иры фæфылдæр уыдзысты дыууæ мины онг паддзахадон кусджыты мыздтæ. фехъусын кодта парламенты сессийыл республикæйы финансты министр Хæбæлаты Аза.

Уый бамбарын кодта, зæгъгæ, мыздты фæфылдæр цы æмбæстæгтыл бандавдзæн, уыдон иумæйаг нымæц у 1894 адæймаджы.

"Уыдонæй 1395 - паддзахадон кусджытæ, кæцытæ архайынц æххæстгæнæн хицауады органты. Сæ астæуккаг куыстмызд абоны бон у 17 мин сомы, нывæзтмæ гæсгæ уый хъуамæ фæфылдæр уа 31 мины онг. Ноджы ма иу къорд - паддзахадон кусджытæ, кæцытæ фæллой кæнынц хицауады быннæттон органты. Уыдон мыздтæ та 10 мин сомæй фæфылдæр уыдзысты 26 мины онг", - бамбарын кодта Хæбæлаты Аза.

Уый ма бафтыдта, паддзахадон бынæтты кусджыты нымæц кæй у 85 адæймаджы. Ацы категорийы мызд ныртæккæ у 56 мин сомы. Уый та фæнд кæнынц фæфылдæр кæнын 105 мин сомы онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0