Хуссар Иры Национ банк 2021 азы рауадздзӕн цыппар юбилейон згъӕрӕхцайы

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.04.2021
Рафыссын
Згъӕрӕхцатӕ рауадздзысты аивады зындгонд архайджыты юбилейтӕм, афтӕ ма Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты 90-ӕм афӕдзы боны цытӕн

ЦХИНВАЛ, 28 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Национ банк 2021 азы нывӕнды рауадзын цыппар юбилейон згъӕрӕхцайы, фехъусын кодта парламенты сессийыл уагдоны сӕргълӕууӕг Джиоты Жанна.

Ӕртыццӕджы уый бавдыста депутаттӕн хыгъдлӕвӕрд Национ банчы архайды фӕдыл ивгъуыд аз.

"Дыууӕ эскизы ныридӕгӕн сарӕзтам ӕмӕ арвыстам Уӕрӕсемӕ, иуы фӕдыл нырма цӕуынц консультацитӕ паддзахадон университетимӕ", - банысан кодта Джиоты Жанна.

Sputnik-ӕн интервьюйы рӕстӕджы Национ банчы разамонӕг банысан кодта, дыууӕ згъӕрӕхцайы кӕй рауадздзысты композитор Хаханты Дудары 100 азы юбилеймӕ ӕмӕ номдзыд нывгӕнӕг Тугъанты Махарбеджы 140 азы юбилеймӕ.

ХИПУ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.06.2020
Лӕвар музейӕн: ХИПУ райста ӕрдӕг сӕдӕйӕ фылдӕр згъӕрӕхцатӕ

Ноджы ма иу майдан рауадздзысты Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты 90 азы юбилейы цытӕн, кӕцы нысан кӕндзысты 2022 азы.

Аннӕ згъӕрӕхца кӕмӕн уыдзӕн нывонд, уый тыххӕй Джиоты Жанна нӕ фехъусын кодта.

Хаханты Дудар – советон, ирон ӕмӕ уӕрӕсейаг композитор, скрипач, дирижер ӕмӕ музыкалон-ӕхсӕнадон архайӕг, ахуыргӕнӕг, профессор, аивады зонӕдты кандидат. Уӕрӕсейы советон республикӕйы аивӕдты сгуыхт кусӕг.

Тугъанты Махарбег у номдзыд ирон нывгӕнӕг, иллюстратор ӕмӕ графиг, ахуыргӕнӕг. Цӕгат Ирыстоны Адӕмон нывгӕнӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0