"Югосетпотребнадзор"-ы радзырдтой коронавирусимӕ уавӕры тыххӕй Хуссар Иры

© Sputnik / Алексей Майшев /  Ахизын медиабанкмæГоспиталь COVID-19
Госпиталь COVID-19  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.04.2021
Рафыссын
Бон раздӕр Хуссар Ирыстоны нӕ рабӕрӕг кодтой коронавирусӕй фӕрынчыны иу цау дӕр, ӕдӕппӕт пандемийы рӕстӕджы республикӕйы фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3311 онг

ЦХИНВАЛ, 30 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны иу суткӕмӕ рабӕрӕг кодтой ӕртӕ ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон уагдоны сӕргълӕууӕг Коцты Марина.

"COVID-19 рабӕрӕг кӕныны фӕдыл цыппӕрӕмы лабораторийы цы 47 тесты сарӕзтой, уыдонӕй ӕртӕ равдыстой вирусы уӕвынад", - загъта сӕйраг санитарон дохтыр.

Уый бафтыдта, иу суткӕмӕ медицинон хыгъдӕй кӕй систой цыппар адӕймаджы, пандемийы рӕстӕджы сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 2 984 онг. Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты ӕртӕсӕдӕмӕ ӕввахс адӕймаджы.

Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 22 006 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 311 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0