Цхинвалы цалцӕг кӕнынц Модӕты ательейы бӕстыхай

© Sputnik / Фатима ПлиеваМодӕты ательейы бӕстыхай
Модӕты ательейы бӕстыхай - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.05.2021
Рафыссын
Модæты ательейы агъуыст мæгуырау уавæрмæ æрцыд бæрæг аххосæгтæм гæсгæ. Уымæн уал Тасойты Анжелайы хъæппæрисæй райдианы цалцæг æрцыдысты йе ‘ддаг къултæ, афтæ ма дзы арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ бакондæуыд мидæгæй дæр

ЦХИНВАЛ, 3 май – Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Цæрджыты цардуагон лæггæдты паддзахадон унитарон куыстуаты директор Тасойты Анжела куысты йæ фыццаг бонтæй фæстæмæ тыхсы кусджыты уавæртæ фæхуыздæр кæныныл. Ӕмæ уый йæ къухты æфтгæ дæр кæны.

Иууыл мæгуыраудæр уавæрмæ æрцыд Модæты ательейы агъуыст бæрæг аххосæгтæм гæсгæ. Уымæн уал Тасойты Анжелайы хъæппæрисæй райдианы цалцæг æрцыдысты йе ‘ддаг къултæ, афтæ ма дзы арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ бакондæуыд мидæгæй дæр.

"Иууыл сæйрагдæр у бæстыхайы æмбæрзт ногæй раивын. Уымæн æмæ уый арæзт æрцыд ивгъуыд æнусы 60-æм азты æмæ йæм уыцы дæргъвæтин рæстæджы никуы баххæссыд аразæджы къух. Уый фæстиуæгæн дзы дон мæгуырау боныгъæдты хъардта бынмæ æмæ уый аххосæй зындзинæдтæ æвзæрстой хуыйджытæ", - зæгъы ательейы директор.

Тасойты чызг бахатыд горæты администрацийы сæргълæууæг Коцты Аланмæ æмæ йын уый дæр бацыд йæ уавæры. Кусджыты кæд къæвда бонтæ хъыг дарынц, уæддæр уал дзы бакодтой иуæй-иу куыстытæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы ран директоры ‘нцой балæууыдысты кусджытæ сæхæдæг дæр, уымæн æмæ уагдон цухдзинад æййæфта æхцайы фæрæзтæй. Уый фæстиуæгæн зæронд дуæрттæ æмæ рудзгуытæ раивтой ногтæй, хицæн бынæтты бакодтой косметикон цалцæггæнæн куыстытæ, фæхуыздæр кодтой къæлидортӕ дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0