15 азы ӕнхъӕлцау: Цхинвалы та ныфс дæттынц сæйраг фонтан скусын кæнынæй

© Sputnik / Евгений Самарин /  Ахизын медиабанкмæ Цхинвалы ныфс дæттынц сæйраг фонтан скусын кæнынæй
 Цхинвалы ныфс дæттынц сæйраг фонтан скусын кæнынæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.05.2021
Рафыссын
Цхинвалы сæйраг фонтаны арæзтадæн ис дæргъвæтин истори. 2016 азы кæронмæ Цхинвалæн ныфс дæттой саразын Цæгат Кавказы иууыл рæсугъддæр фонтан. Фæлæ абоны онг цæрджытæ фонтан кусгæйæ федтой æрмæстдæр фæлварæны рæстæджы

ЦХИНВАЛ, 11 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы сӕйраг фонтан лӕвӕрд цӕуы паддзахадон унитарон куыстуат "Водоканал"-мӕ. Дӕс боны ӕмгъуыдмӕ бӕрӕг уыдзысты гидротехникон объекты фадӕттӕ ӕмӕ згъуыдтытӕ ӕмӕ кӕд фонтан разына ӕмбӕлон уагыл, уӕд ӕрбалӕугӕ мӕйы уый скусдзӕн, радзырдта Sputnik уагдоны хистӕр Цхуырбаты Алан.

Фонтан Путины уынгыл скверы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.07.2020
Цхинвалы центры скуыста фонтан

Цхинвалы Театралон фӕзуаты фонтаны арӕзтад цӕуы цалдӕр азы, йе сцӕттӕйы ӕмгъуыд цалдӕр хатты аргъӕвтой, фӕивтой нардуатон организацийы. Ацы мӕйы та социалон хызӕгты сарӕх сты фонтаны алыварс дам-думтӕ, фыстой, ома та уый ногӕй у аразинаг. Фӕлӕ арӕзтады министр Зӕгъойты Эдуард фехъусын кодта Sputnik, объект цӕттӕ кӕй у ӕмӕ йӕ ныридӕгӕн йӕ балансыл фидар кӕны "Водоканал".

"Водоканал"-ы хистӕры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм гуырахстджын объект сахуыр кӕнынӕн хъӕуы рӕстӕг.

"Ныридӕгӕн объект ахуыр кӕнӕм. Нырма дзы ницы згъуыдтытӕ рабӕрӕг кодтам, ӕрмӕст программӕ домы прошивкӕ. Дӕс бонмӕ сбӕлвырд кӕндзыстӕм йӕ уавӕр, италиаг ифтонгад дзы лӕууы", - загъта уый.

Цхуырбаты Алан ма бамбарын кодта, фонтаны куыстмӕ ӕдзух сӕ хъус кӕй дардзысты дыууӕ специалисты.

Цхинвалы центры ног скверы фонтан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.05.2020
Цхинвалы мэрияйы радзырдтой, кӕд скусдзӕн Цхинвалы центры ног скверы фонтан

"Ӕдӕппӕтӕй дзы кусдзӕн цыппар адӕймаджы, дыгӕйттӕй ивдзысты кӕрӕдзи. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ иу сиддзыстӕм ӕххуысмӕ, цы фирма йӕ сарӕзта, уымӕ", - бафтыдта уый.

Уагдоны сӕргълӕууӕг ма бафтыдта, музыкалон фонтаны фӕлварӕн куысты рӕстӕджы дзы нырма кӕй скуыста ӕрмӕст ӕртӕ мелодийы.

Цхинвалы сæйраг фонтаны арæзтадæн ис дæргъвæтин истори. 2016 азы кæронмæ Цхинвалæн ныфс дæттой саразын Цæгат Кавказы иууыл рæсугъддæр фонтан. Арæзтад бахæс кодтой цæгатирыстойнаг фирмӕ "Промикс"-æн. Фæлæ та фæстæдæр йæ арæзтад фестад татарстайнаг фирмæйы дæлбар, фонтан та кусгæйæ федтой æрмæстдæр фæлварæны рæстæджы.

2006 азæй фæстæмæ та хæлд фонтан сыгъд театры бæстыхайимӕ иумæ раууаты хуыз дæттой горæты центрæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0