Хуссар Иры райдыдта уалдзыгон ӕрсидт ӕфсадмӕ

© Sputnik / Инга ЧехоеваХуссар Иры райдыдта уалдзыгон ӕрсидт ӕфсадмӕ
Хуссар Иры райдыдта уалдзыгон ӕрсидт ӕфсадмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.05.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ӕфсадмӕ сидынц 18-27 азы кары ӕмбӕстӕгтӕм. Национ Гарзджын тыхты службӕйы ӕмгъуыд у иу аз

ЦХИНВАЛ, 13 май - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрад фехъусын кодта ӕфсадмӕ уалдзыгон ӕрсидты кампанийы райдайыны тыххӕй, радзырдтой Sputnik уагдоны пресс-службӕйы.

Уалдзыгон ӕрсидт райдайдзӕн 17 майы 18-27 азы кары ӕмбӕстӕгтӕм.

"Ӕвзонг адӕм рацӕудзысты медицинон басгӕрст Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон горӕты гарнизонон медицинон пункты базӕйыл. Уый фӕстӕ сӕ арвитдзысты ахуырадон центрмӕ ӕфсӕддон полигонмӕ, цӕмӕй ацӕуой райдайӕн ӕфсӕддон цӕттӕкӕнынад", - радзырдтой пресс-службӕйы.

Райдайӕн ӕфсӕддон цӕттӕкӕнынады фӕстӕ ӕрсидтонтӕ райсдзысты ардбахӕрд ӕмӕ сӕ арвитдзысты ахуырадон ротӕмӕ сӕ дарддӕры службӕмӕ.

"Ӕфсӕддонтӕ, кӕцытӕн фӕцис сӕ службӕйы ӕмгъуыд, арвитдзысты фӕстауӕрцмӕ националон Гарзджын тыхты рӕнхъытӕй", - банысан кодтой Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0