Хуссар Иры иу суткӕмӕ рабӕрӕг кодтой авд ног рынчыны коронавирусӕй

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæ коронавирус
 коронавирус  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.05.2021
Рафыссын
Бон раздӕр та республикӕйы сбӕрӕг кодтой COVID-19 иу ног рынчыны - ӕдӕппӕт пандемийы рӕстӕджы республикӕйы фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3330 онг

ЦХИНВАЛ, 13 май — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны иу суткӕмӕ рабӕрӕг кодтой авд ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон уагдоны сӕргълӕууӕг Коцты Марина.

Хуссар Иры вакцинӕ Спутник V сарзыны тыххӕй бахатыдысты ныридӕгӕн 500 адӕймаджы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.05.2021
Хуссар Иры вакцинӕ "Спутник V" сарзыны тыххӕй бахатыдысты ныридӕгӕн 500 адӕймаджы

"COVID-19 рабӕрӕг кӕныны фӕдыл ӕртыццӕджы лабораторийы цы 58 тесты сарӕзтой, уыдонӕй авд равдыстой вирусы уӕвынад", - загъта сӕйраг санитарон дохтыр.

Уый бафтыдта, иу суткӕмӕ медицинон хыгъдӕй кӕй систой фондз адӕймаджы, пандемийы рӕстӕджы сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3004 онг. Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 326 адӕймаджы.

Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 22 312 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 330 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0