Ӕнæбанцайгæ рыст: Хуссар Иры мысынц Зары трагедийы амæттæгты

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры мысынц Зары трагедийы амæттæгы
Хуссар Иры мысынц Зары трагедийы амæттæгы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.05.2021
Рафыссын
Абон фæдисы дзæнгæрæг айзæлдзæн Зары къуылдымæй, уæлдæфмæ ауадздзысты тыбылæгтæ, сæвæрдзысты дидинтæ, ацæудзæн фыдохы митинг

ЦХИНВАЛ, 20 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны цыппæрæмы мысынц Зары трагедийы амæттæгты. Культурæйы министрады нывæзтмæ гæсгæ, фыдохы мадзæлттæ цæуынц 29 азы размæ 'рцæугæ бæллæхы бынаты. Фæдисы дзæнгæрæджы хъæр айзæлдзæн Зары къуылдымæй, уæлдæфмæ ауадздзысты тымбылæгтæ, сæвæрдзысты дидинтæ, ацæудзæн фыдохы митинг. Хуссар Ирыстоны цæрджытæ та ногæй æрымысдзысты, 1992 азы 20 майы сæ фæстаг балцыл цы æнамонд адæм ацыд, уыдон рухс нæмттæ.

Зары трагеди - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.05.2020
Цхуырбаты Мира Зары трагедийы тыххӕй: горӕт уыд маст ӕмӕ тасы бын

29 азы размӕ ацы "царды фӕндагыл" Цхинвалмӕ цы гуырдзиаг лӕгмартӕ тыдтой, уыдонӕй лыгъдысты зӕронд адӕм, сылгоймӕгтӕ, сывӕллӕттӕ. Сӕ автоколоннӕйы раз æмбисбонмӕ ӕввахс бабадтысты гуырдзиаг гарзджын ӕфсад æмæ сæ фæкодтой автоматон æмæ пулеметон æхсты бын. Æхст нæ банцад фондз минуты бæрц, уый фæстæ фыдгæнджытæ рахызтысты, цӕмӕй кæронмæ саразой сæ æбуалгъ фыдракæнд.

Республикæйы ног историйы иууыл уæззаудæр бон ахаста 33 адæймаджы цард, тугӕрхӕм трагедийы 12 адæймаджы та фесты уӕззау цӕфтӕ. Фӕмардуӕвджытӕй иууыл кӕстӕрыл цыд 11 азы, хистӕрыл та — 76.

Ног хабӕртты лентӕ
0