Хуссар Иры иу суткӕмӕ рабӕрӕг кодтой иу ног рынчыны коронавирусӕй

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæCOVID-19
COVID-19 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.05.2021
Рафыссын
Ӕдӕппӕт пандемийы рӕстӕджы республикӕйы фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3335 онг, сӕнӕниз сты 3323 пациенты

ЦХИНВАЛ, 24 май — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд майрӕмбоны рабӕрӕг кодтой иу ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон уагдоны сӕргълӕууӕг Коцты Марина.

Уый бамбарын кодта, улæфт бонты "Югосетпотребнадзор"-ы ПЦР-лабораторийы кæй нæ сарæзтой тесттæ, къуырисæры иртæстты тыххæй та фехъусын кæндзысты сом райсом.

"COVID-19 рабӕрӕг кӕныны фӕдыл майрӕмбоны цы 27 тесты сарӕзтой, уыдонӕй иу равдыста вирусы уӕвынад", - загъта Коцты Марина.

Уый бафтыдта, майрӕмбоны медицинон хыгъдӕй кӕй систой цыппар адӕймаджы, пандемийы рӕстӕджы сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3323 онг. Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 12 адӕймаджы.

Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 22 564 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 335 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0