Коронавирусимӕ тохгӕнӕг хуссарирыстойнаг медиктӕн ратдзысты паддзахадон хорзӕхтӕ

© Sputnik / Natalia AiriyanКоронавирусимӕ тохгӕнӕг хуссарирыстойнаг медиктӕ
Коронавирусимӕ тохгӕнӕг хуссарирыстойнаг медиктӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.05.2021
Рафыссын
Раздӕр Хуссар Ирыстоны парламент сфидар кодта сӕрмагонд хорзӕх - майдан "Пандемийы ныхмӕ тохы тыххӕй"

ЦХИНВАЛ, 24 май – Sputnik, Козаты Диана. Президент Бибылты Анатолий бахӕс кодта Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕн Медицинон кусӕджы бонмӕ ӕрбавдисын паддзахадон хорзӕхтӕм ӕппӕт медкусджыты ӕмӕ волонтерты, кӕцытӕ архайдтой "сырх зонӕты".

Раздӕр Хуссар Ирыстоны парламент сфидар кодта сӕрмагонд хорзӕх - майдан "Пандемийы ныхмӕ тохы тыххӕй".

"Абон, ӕндӕр бӕстӕты увӕр хынцгӕйӕ, нӕ бон у фидарӕй зӕгъын - нӕ республикӕйы фылдӕр зиӕнттӕ ӕрцыдаид, "сырх зонӕты" адӕм афтӕ удуӕлдаййӕ ӕмӕ цӕсгомджынӕй куыннӕ куыстаиккой, уӕд. Иууыл стырдӕр хорзӕх ахӕм уавӕры, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, у уый ӕмбарынад, дӕ фӕрцы кӕй аирвӕзтысты удтӕ", - загъта Бибылты Анатолий йӕ ныстуаны адӕм ӕмӕ парламентмӕ. 

Уыимӕ иумӕ президент банысан кодта, зӕгъгӕ, уыцы медицинон кусджытӕ ӕмӕ волонтертӕ, кӕцытӕ ӕвӕлмонцӕй тох кодтой коронавирусон инфекциимӕ, сӕхи ӕнӕниздзинадӕн тасмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, сты паддзахады ӕрдыгӕй бӕрзонд хорзӕхты аккаг.

Уый банысан кодта, уыцы адӕм кӕй райсдзысты ӕрӕджы сфидаргонд майдан "Пандемийы ныхмӕ тохы тыххӕй".

 

Ног хабӕртты лентӕ
0