Хуссар Ирыстоны фӕфылдӕр уыдзысты пенситӕ - президенты хӕслӕвӕрд

© Sputnik / Александр Кряжев /  Ахизын медиабанкмæпенси
пенси - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.05.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны пенситӕ ивгъуыд аз индексацигонд ӕрцыдысты ӕхсӕз процентӕй фылдӕрӕй

ЦХИНВАЛ, 24 май - Sputnik, Козаты Диана. Президент Бибылты Анатолий бахӕс кодта Хуссар Ирыстоны хицауадӕн ссарын фадӕттӕ пенситӕ фӕфылдӕр кӕнынӕн.

Уый тыххӕй бӕстӕйы сӕргълӕууӕг фехъусын кодта йӕ ныстуаны адӕм ӕмӕ парламентмӕ.

"Пенсион ифтонгады фӕдыл мах ссардтам ресурстӕ 2020 азы 1 январӕй фӕстӕмӕ пенситӕ 6,6 проценты фӕфылдӕр кӕнынӕн. Хӕслӕвӕрд дӕттын хицауадӕн бакусын ӕмӕ сифтонг кӕнын пенситы фӕфылдӕр ноджы 6,6 проценты онг 2021 январӕй фӕстӕмӕ", - загъта Бибылты Анатолий.

Раздӕр ма уый фехъусын кодта, фӕфылдӕргонд мыздтӕ республикӕйы кӕй райсдзысты июны.

Ног хабӕртты лентӕ
0