Цхинвалы хӕрзаудӕн концерты æрæмбырд кодтой 120 мин сомы автокатастрофӕйы бахауӕг чызгæн

© Photo : Студия "Кафт"Цхинвалы хӕрзаудӕн концерты æрæмбырд кодтой 120 мин сомы автокатастрофӕйы бахауӕг чызгæн
Цхинвалы хӕрзаудӕн концерты æрæмбырд кодтой 120 мин сомы автокатастрофӕйы бахауӕг чызгæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.06.2021
Рафыссын
Битеты Сабинайы ӕнӕниздзинад бахъыгдард ис 2016 азы автокатастрофӕйы фӕстиуӕгӕн. Хӕрзаудӕн концерт ацыд ПККЗ "Чермен"-ы

ЦХИНВАЛ, 7 июн – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны дыккӕгӕм астӕуккаг скъолайы дӕлбар хореографион къорд "Кафт"-ы хӕрзаудӕн концерты Цхинвалы æрæмбырд кодтой 120 мин сомæй фылдæр Битеты Сабинайæн, кæцыйы æнæниздзинад бахъыгдард ис фондз азы размæ аварийы рæстæджы, фехъусын кодта Sputnik къорды аивадон къухдариуӕггӕнӕг, республикӕйы сгуыхт артист Майя Четион.

Битеты Сабинайы ӕнӕниздзинад бахъыгдард ис 2016 азы автокатастрофӕйы фӕстиуӕгӕн.

"Ныййарджыты комитет æмæ педагогон къамис банымадта фæрæзтæ æмткæй 122 мин 550 сомы æмæ сæ радтам чызджы ныййарæгæн", - загъта Четион.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, сывæллæттæ равдыстой сæхи иттæг хорз, уæлдайдæр та "фæстаг ахуыры аз пандемийы аххосæй æххæст кæй нæ куыстой, уый хынцгæйæ".

© Sputnik / Наталья АйриянАнсамбль "Кафт"
Цхинвалы хӕрзаудӕн концерты æрæмбырд кодтой 120 мин сомы автокатастрофӕйы бахауӕг чызгæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.06.2021
Ансамбль "Кафт"

Ансамбль "Кафт" ӕрвылаз дӕтты гом уроктæ, ацы аз ӕй сарæзтой ӕндӕр форматы - хӕрзаудӕн мадзалы хуызы. Сценӕмӕ ракодтой скъоладзауты ног фӕлтӕртӕ, 120 кафӕджы бæрц, цыппар кары къорды. Мадзалы ма архайдтой сывæллæтты музыкалон студи "Бонвӕрнон" дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0