Цхинвалы цӕрӕг амард, уый рахауд йӕ фатеры рудзынгӕй

© Sputnik / Natalia AiriyanТагъд ӕххуыс
Тагъд ӕххуыс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.06.2021
Рафыссын
Трагеди ӕрцыд къуырисӕры, 11.00 сахатмӕ ӕввахс, микрорайон БАМ-ы. Барадхъахъхъӕнджытӕ ныртӕккӕ сгарынц ӕрцӕугӕ бӕллӕххы аххосӕгтӕ

ЦХИНВАЛ, 7 июн - Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы цӕрӕг амард, фӕндзӕм уӕладзыгыл йӕ фатеры рудзынгӕй рахаугӕйӕ, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы барадхъахъхъӕнӕг органты минӕвар.

Трагеди ӕрцыд къуырисӕры, 11.00 сахатмӕ ӕввахс, микрорайон БАМ-ы. Фӕмардуӕвӕгыл цыд 35 азмӕ ӕввахс.

"Нырма ӕнамонд хабары лыстӕг хӕйттӕ бӕстонӕй бӕрӕг не сты. Сгарджытӕ цы верситыл кусынц, уыдонӕй иу у, йӕхи кӕй амардта, уый", - загъта ныхасӕмбал.

Барадхъахъхъӕнджытӕ ныртӕккӕ сгарынц ӕрцӕугӕ бӕллӕххы аххосӕгтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0