Хуссарирыстойнаг сахъат сабитӕ ӕрвылаз дӕр улӕфдзысты Хъырымы

© Sputnik / Alexey Malgavko /  Ахизын медиабанкмæХъырым
Хъырым - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.06.2021
Рафыссын
Сывӕллӕтты улӕфты тыххӕй бадзырдӕуыд Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады Сывӕллӕтты Евпаторийаг ӕфсӕддон клиникон санаторийы къухдариуӕгадимӕ

ЦХИНВАЛ, 9 июн – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Сывӕллӕттӕ-инвалидтӕн Хуссар Ирыстонӕй уыдзӕн фадат ӕрвылаз дӕр улӕфынмӕ, хос кӕнынмӕ ӕмӕ реабилитацимӕ ацӕуынӕн Сывӕллӕтты Евпаторийаг ӕфсӕддон клиникон санаторимӕ. Уый фӕдыл бадзырдтой Хуссар Иры ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады (ӔХМ) къухдариуӕгад ӕмӕ санаторийы директор Юрий Пономаренко, фехъусын кодта пресс-конференцийы Sputnik ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан.

Форум Без границ 2021 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.06.2021
Сӕрыстыр дӕн сахъат адӕмы хъаруйӕ: Хуссар Ирӕй архайӕг форум "Без границ 2021"-ы тыххӕй

Республикӕйы ӔХМ ацы бонты арвыста арӕнӕвӕрд фадӕттимӕ сабиты, сидзӕрты ӕмӕ ӕххуысхъуаг бинонты сывӕллӕтты социалон-реабилитацион центр "Радуга"-мӕ Хӕсӕг-Балхъармӕ. Сывӕллӕтты фыццаг къорд баулӕфдзӕн Нальчикы курортон районы дыууӕ къуырийы.

"Ахӕм мадзӕлттӕ уадздзыстӕм ӕппынӕдзух, сахъат сывӕллӕтты балцытӕ улӕфынмӕ суыдзысты ӕрвылазон. Нӕ министрад бадзырдта Евпаторийаг ӕфсӕддон клиникон санаторийы къухдариуӕгадимӕ - уый у профилон уагдон инвалид сабитӕн. Сывӕллӕтты церебралон паралич кӕмӕн ис, уыцы сабиты иууылдӕр мах ӕрвылаз дӕр ӕрвитдзыстӕм Сау денджызы былмӕ Хъырыммӕ", - радзырдта Наниты Сослан.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы санаторийы ресурстӕ сты уӕрӕх, ис сын сӕхи специалисттӕ травматологи ӕмӕ ортопедийы къабӕзты, аразынц алыгъуызон операцитӕ, ис сӕм уникалон ифтонгад, уый хыгъды эндопротезкӕнынадӕн дӕр.

"Нӕ сабитӕн уыдзӕн фадат ӕнӕаргъ улӕфт, бон фондз хатты хӕрд, реабилитаци сӕхицӕн ӕмӕ семӕ чи ацӕуа, уыдонӕн. Фӕндагон хӕрдзты иу хай хицауад райсдзӕн йӕхимӕ.Ацы фарстыл нарма ӕруынаффӕ кӕндзыстӕм", - банысан кодта министр.

Сывӕллӕтты фыццаг къорды балц, бафтыдта уый, нысангонд у ацы аз сентябрьмӕ.

Республикӕйы сӕйраг педиатр Хӕныкъаты Ларисайы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны ис 181 сахъат сывӕллоны, уыдонӕй 36 ис диагноз СЦП. Уыдонӕй 15 сты коляскӕтыл, хӕдзарон хоскӕнынадыл. Иннӕ сывӕллӕттӕн сӕхи бон у цӕуын.

Ног хабӕртты лентӕ
0