Рамбулыны фӕндимӕ: цхинвайлаг ӕмбуархӕцджытӕ стох кӕндзысты Уӕрӕсейы чемпионаты

© Из архива Вахтанга Валиевацхинвайлаг ӕмбуархӕцджытӕ стох кӕндзысты Уӕрӕсейы чемпионаты
цхинвайлаг ӕмбуархӕцджытӕ стох кӕндзысты Уӕрӕсейы чемпионаты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.06.2021
Рафыссын
Ӕмткӕй командӕйы сконды ис 20 спортсмены бӕрц, уыдон сты дыууӕ тренер Уалыты Вахтанг ӕмӕ Хъуылымбегты Мамеды хъомылгӕнинӕгтӕ

ЦХИНВАЛ, 11 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕмбуар хӕсты спортсментӕ афӕндараст сты Ростовмӕ, цы ран стох кӕндзысты Уӕрӕсейы чемпионаты, фехъусын кодта Sputnik тренер Уалыты Вахтанг.

Ерыстӕ цӕудзысты 13 июньмӕ. 

"Командӕ ис фӕндагыл. 11 спортсмены кӕнын Уӕрӕсейы чемпионатмӕ, тох цӕудзӕн ерысты призтыл ӕмӕ дунейы ерыстӕм балцӕгтыл. Иууылдӕр сты рамбулыны фӕндимӕ", - загъта Уалыты Вахтанг.

Уый ма бамбарын кодта, йӕ спортсментӕ иунӕгӕй нӕ хъахъхъӕндзысты Хуссар Ирыстоны спортивон кад - "ам ма стох кӕндзысты тренер Хъуылымбегты Мамеды хъомылгӕнинӕгтӕ дӕр".

Ног хабӕртты лентӕ
0