Ирыстоны цӕрджытӕ банысан кӕндзысты "Реком"-ы бӕрӕгбон

© Photo : Карсанов ГурамРеком
Реком - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.06.2021
Рафыссын
Ирыстоны ӕрвылаз нысан кӕнынц сӕйраг бӕрӕгбонтӕй иу "Реком"-ы кувӕндоны раз. Ацы бынатмӕ ӕрцӕуынц мингай адӕм Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕй

ЦХИНВАЛ, 15 июн – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Сабаты, 19 июны, "Реком"-ы кувӕндоны уагъд цӕудзӕн динон бӕрӕгбон, кӕцымӕ ӕрӕмбырд уыдзысты Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ, фехъусын кодта Sputnik ӕхсӕнадон архайӕг Бететы Юрий.

Джиоты мыггаджы фонды фембӕлд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.02.2021
Джиоты мыггаджы фонд сӕндидзын кӕндзӕн рагон кувӕндон Хуссары Иры

Кувӕндоны раз бӕрӕгбонӕн ис ӕнӕфехӕлгӕ фӕтктӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ. Кувӕндон ис Цъӕйы комы уӕллаг хайы, схизыны бар ӕм ис ӕрмӕстдӕр нӕлгоймӕгтӕн. Фӕлӕ уырдӕм фӕндагыл ис "Мад Майрӕмы" кувӕндон дӕр, цы ран сылгоймӕгтӕ скувынц ӕмӕ сӕхи бафӕдзӕхсынц. Сыгъдӕг бынатмӕ хъӕуы схизын ӕнӕ къахдарӕсӕй, сылгоймӕгтӕ та традицимӕ гӕсгӕ хъуамӕ уой сӕрбӕттӕнтимӕ.

"Ацы кувӕндоны рагӕй уагъд цӕуы бӕрӕгбон. Ӕрбацӕуынц дзы традицион дины ӕмӕ рӕстдинонтӕ дӕр. Кувӕндон ӕмӕ йӕ алыварсмӕ дӕр цӕуынц ӕрмӕстдӕр нӕлгоймӕгтӕ. Сылгоймӕгтӕ та бацӕуынц "Мад Майрӕмы" онг", - загъта Бететы Юрий.

Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, скувын кӕй фӕнды, уыдон ӕрбахӕссынц ӕртӕ уӕлибыхы, ӕртӕ фӕрскы ӕмӕ хӕдзарон бӕгӕны.

"Адӕм ӕрбацӕуынц, ӕртӕ хатты ӕрзилынц "Реком"-ы алыварс. Уый фӕстӕ фӕсивӕд райдайы зарын ӕмӕ кафын. Цъус фӕстӕ райдайы куывд. Уым вӕййын ӕртӕ хистӕры, ӕмӕ уыдон зӕгъынц фӕйнӕ ӕртӕ куывды", - загъта Бететы Юрий.

Рекомы тыххӕй дзырд цӕуы Нарты кадджыты. Нарты Батрадз аскъуыддзаг кодта схӕцын Хуыцау ӕмӕ зӕдтимӕ, ӕмӕ йӕ Хуыцау бафхӕрдта йӕ схъӕлдзинады тыххӕй. Хъӕбатыр лӕппуйыл мӕт гӕнгӕйӕ, Хуыцау ӕрыппӕрста ӕртӕ цӕссыджы, уыдонӕй стӕй райгуырд "Реком", "Мыкалгабыртæ" æмæ "Таранджелос".

Ног хабӕртты лентӕ
0