Хуссар Иры столицӕ Къостайы хъӕуимӕ сбӕтдзӕн велозгъорд

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры столицӕ Къостайы хъӕуимӕ сбӕтдзӕн велозгъорд
Хуссар Иры столицӕ Къостайы хъӕуимӕ сбӕтдзӕн велозгъорд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.06.2021
Рафыссын
Велосипедистты стыр къорд райсомӕй йӕ балц райдайдзæн Цхинвалы Театралон фӕзуатӕй. Бӕлццӕттӕ сӕ фӕндаг скӕндзысты Къостайы хъӕумӕ, уым сыл ӕмбӕлдзысты ирон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ

ЦХИНВАЛ, 18 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы центрӕй сабаты райсом срӕвдз кӕндзысты гуырахстджын велозгъорд, фехъусын кодта Sputnik мадзалы организатортӕй иу, къахдзоныгъты Федерацийы разамонӕг Тедеты Лери.

Хӕдбардзинад расидыны бон  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.05.2019
Улӕфты бон ӕмӕ велозгъорд: куыд банысан кӕндзӕн Хуссар Ир Хӕдбардзинад расидыны бон

"Райсом фараст сахатмӕ ӕмбырд кӕнӕм. Фыццаг уал ӕвӕлтӕрд архайджытӕн бацамондзыстӕм фӕндагыл хи дарыны уаг. Паддзахадон автоинспекциимӕ сфидар кодтам нӕ маршут, згъорджытимӕ ӕмдзу кӕндзӕн тагъд ӕххуыс, хъахъхъӕнынады министрад бавдисдзӕн автобус ӕмӕ уæзласӕн хӕдтулгӕ, дистанци чи нӕ фӕрӕза, уыдонӕн", - радзырдта уый.

Велозгъорды организатортӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц сӕдӕйӕ фылдӕр архайӕгмӕ. Фӕндагонтыл ирон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сӕмбӕлдзысты Къостайы хъӕуы (Цъунар).

"Иумӕйагӕй сисгӕйӕ велозгъорды нысан у фӕсивӕды хсӕн спортивон активондзинад ныббиноныг кӕнын. Кӕстӕр фӕлтӕрӕн Театралон фӕзуаты ӕрцӕттӕ кӕндзысты адджинӕгтӕ. Баххуыс нын кодта паддзахады разамонӕг Бибылты Анатолий. Къостайы хъӕуы та ныл ӕмбӕлдзысты цытджын уавӕры. Уырдыгæй фæстæмæ æрыздæхдзыстæм Цхинвалмæ", - бафтыдта Тедеты Лери.

Мадзал аразынӕн ӕххуыс кӕнынц Мидхъуыддӕгты, Хъахъхъӕнынады ӕмӕ Ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынады министрадтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0