Уæлахизæн кад æмæ хæсты ног сыфтæ: ХИПУ ацыд Стыр Фыдыбӕстон хӕстæн нывонд конференци

© Sputnik / Natalia AiriyanХИПУ
ХИПУ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.06.2021
Рафыссын
Организатортӕ, уазджытӕ ӕмӕ докладкӕсджытӕ сæ раныхасты иууылдӕр сидынц Стыр Уӕлахизы кад хъахъхъӕнын ӕмӕ зӕххыл ма руадзын ахӕм фыдбылыз ногæй

ЦХИНВАЛ, 21 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты йӕ куыст райдыдта зонадон-практикон конференци "80 лет начала Великой Отечественной войны".

Мото-автозгъорд Стыр Фыдыбӕстон хӕсты раритетон техникӕимӕ ацыд Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.10.2020
Мото-автозгъорд Стыр Фыдыбӕстон хӕсты раритетон техникӕимӕ ацыд Цхинвалы

Мадзалы хайад исынц зонадон кусджытӕ, ХИПУ-йы ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ уазджытӕ, сӕ нымӕцы Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов ӕмӕ РХИ Коммунистон партийы раздзог Коцты Станислав.

Организатортӕ, уазджытӕ ӕмӕ докладкӕсджытӕ сæ раныхасты иууылдӕр сидынц Стыр Уӕлахизы кад хъахъхъӕнын ӕмӕ зӕххыл ма руадзын ахӕм фыдбылыз ногæй.

Ахуырадон уагдоны ректор Тедеты Вадимы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ивгъуыд аз, пандемимӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, ХИПУ Стыр Уӕлахизы юбилей банысан кодта уæрæхæй.

"Уагътам культурон-массон мадзӕлттӕ. Стыр куыст бакодта ЮОГУ ТВ. Уымæй дарддæр ма мах паспорттæ бацæттæ кодтам Хуссар Ирыстоны уæвæг Стыр Фыдыбӕстон хӕсты цыртытæн. Фӕстӕдӕр сараздзыстæм фӕндагон картӕ", - загъта уый.

Тедеты Вадим ма бузныг загъта ХИПУ-йы ахуыргӕнджытӕн, кӕцытӕ амонынц Уӕрӕсейы ӕмӕ Фыдыбӕстон истори студенттӕн.

Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов банысан кодта, абон дунейы кӕй ныллӕг кæнынц Советон цӕдисы кад ӕмӕ бынат.

"80 азы фӕстӕ истори хъавынц ивынмӕ. Советон цӕдис нӕ уыд цӕттӕ уыцы стыр хӕстмӕ, блицкригы план райста ӕрмӕст 1945 азы. Советон цӕдисы адӕмӕн бантыст басӕттын немыцаг фашизм. Советон адӕмы фӕрцы сӕвзӕрд антигитлерон коалици. Стырӕй - гыццылӕй архайдтой, чи хӕцӕнгарзӕй, чи та æхсырфæй ӕввахс кодта уӕлахиз. Сӕ нымӕцы Хуссар Ирыстоны адӕм дӕр", - загъта минӕвар.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты историйы ахуыргӕнӕг, профессор Гатыгкоты Гиви йӕ доклады ӕрдзырдта хӕсты зиӕнттыл.

ХИПУ музей баххӕст кодтой ног экспонаттӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.04.2021
ХИПУ музей баххӕст кодтой ног экспонаттӕй

"Советон цӕдисы 1927 азы гуырд ӕфсӕддонтӕй сӕдӕ адӕймагӕй хӕсты аирвӕзт ӕрмӕстдӕр иу", - ӕрхаста ахуыргонд ӕрхӕндӕг статистикӕ.

Хуссар Ирыстоны Стыр Фыдыбæстон хӕсты æнæзонгæ хъайтарты тыххӕй та ӕрдзырдта историк Джиоты Мурӕт.

"Фыццаг сылгоймаг, кӕцыйы (1941 азы августы) бавдыстой Советон цӕдисы хъайтары номмӕ, уыд Салбиты Вера. Мӕ хион, Джиоты Лабаз Захары фырт, уый уыд партизанты отряды разамонӕг Белорусийы. Йӕ мӕлӕты фӕстӕ йӕ отрядӕн радтой йӕ ном, уый уыд фыццаг ахӕм цау СФХ. 1943 азы 3 июны амард, дыккаг бон ӕй бавдыстой Советон цӕдисы хъайтары номмӕ", - загъта йæ раныхасы уый.

Историк ма банысан кодта, йӕ номдзыд хӕстӕгыл кӕй ӕмбырд кӕны ӕрмӕг, уымӕн ӕмӕ уый бирӕ хъуыддӕгты уыд фыццаг. Хъыгагӕн уый нӕй ирӕтты номхыгъды, кӕцыты бавдыстой хъайтарты номмӕ, фӕлӕ сӕ нӕ райстой хицӕн аххосӕгтӕм гӕсгӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0