Таможнӕйон пост "Дӕллаг Зӕрӕмӕджы" уавӕр сахуыр кӕныны къамисы сӕргъ слӕууыд Ӕлборты Алан

© facebook/Петр Гассиев"Дӕллаг Зӕрӕмӕг"
Дӕллаг Зӕрӕмӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.06.2021
Рафыссын
Къамис, кӕцы сарӕзтой ивгъуыд майрӕмбоны закондӕттӕг органы сессийыл, хъуамӕ басгара информаци тамакойы ӕнӕзаконон ӕрбаласты фӕдыл Хуссар Ирыстонмӕ, афтӕ ма хӕдтулгӕты рӕстӕгмӕ ӕрбаласты проблемӕ дӕр

ЦХИНВАЛ, 22 июн – Sputnik, Козаты Диана. Таможнӕйон пост "Дӕллаг Зӕрӕмӕджы" уавӕр сахуыр кӕныны фӕдыл парламентон къамисы сӕргъ слӕууыд сӕудӕджерад, арӕзтад, транспорт ӕмӕ бастдзинӕдты фӕдыл комитеты сӕргълӕууӕг Ӕлборты Алан.

Дыццӕджы къамис ауагъта фыццаг кусӕгон рабадт, кӕцыйыл равзӕрстой йӕ разамонӕджы ӕмӕ ӕрдзырдтой куысты регламентыл, фехъусын кодта Sputnik Ӕлборты Алан.

"Мӕ хӕдивӕгӕй снысан кодтой депутат Медойты Дзамболаты. Мах сарӕзтам нӕ куысты регламент, кӕцы хъуамӕ сфидар кӕной сессийыл. Фӕлӕ цӕмӕй рӕстӕг ма фесафӕм, уый тыххӕй мах бацӕттӕ кодтам фыстӕджытӕ таможнӕйон комитет ӕмӕ хъалонты службӕмӕ цы фарстытӕ нӕ цымыдис кӕны, уыдоны фӕдыл", - радзырдта къамисы разамонӕг.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, къамис нывӕнды ӕмгуыстад кӕнын Уӕрӕсейы хицауадимӕ.

Хуссар Ирыстоны парламент ивгъуыд майрӕмбоны сессийыл сарӕзта рӕстӕгмӕ къамис, кӕцы сахуыр кӕндзӕн Таможнӕйон пост "Дӕллаг Зӕрӕмӕджы" уавӕр. Уырдӕм бахызтысты дӕс депутаты – парламенты алкӕцы фракцийы депутаттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0