Хуссар Иры медиктӕ сидынц ӕххӕст кӕнын коронавирусы апарахаты рагфӕдзӕхсты мадзӕлттӕ

© Sputnik / Natalia Airiyan Рынчындон
Рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.06.2021
Рафыссын
Коцты Марина банысан кодта, уагдон кӕй уадздзӕн рейдон мадзӕлттӕ организацитыл – маскӕты режимы фехӕлдыты рӕстӕджы объектты разамонджыты ӕрбаздахдзысты административон бӕрндзинадмӕ

ЦХИНВАЛ, 24 июн – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны сӕйраг санитарон дохтыр ӕрсидт республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕм ӕххӕст кӕнын коронавирусы апарахаты профилактикӕйы фӕдыл мадзӕлттӕ.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.06.2021
Хуссар Иры хицауад сфидар кодта фиддонтӕ медиктӕ ӕмӕ волонтертӕн COVID-19-имӕ тохы тыххӕй

"Коронавирусы рынчынтӕ кӕй фылдӕр кӕнынц ӕмӕ эпидемиологон уавӕр фӕуӕззаудӕр кӕнын ма бауадзыны тыххӕй уагдӕтты разамонджытӕ ӕмӕ амалиуӕггӕнджытӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕной барфысттӕ, кӕцытӕ мах байуӕрстам алкӕцы объектыл дӕр", - банысан кодта уый.

Барфысттӕм хауы дезинфекцион ӕмӕ маскӕты режим ӕххӕст кӕнын. Коцты Марина банысан кодта, профилактикон мадзӕлттӕ ӕххӕст кӕныны фӕдыл бӕрндзинад хӕссынц амалиуӕггӕнджытӕ ӕмӕ ацы объектты разамонджытӕ.

"Нӕ специалисттӕ уадздзысты объектты рейдон басгӕрсттӕ, ӕмӕ куы сбӕрӕг кӕной гоймӕгты, кӕцытӕ нӕ ӕххӕст кӕнынц максӕты режим, уӕд объектты хицӕутты ӕрбаздахдзысты административон бӕрндзинадмӕ", - загъта сӕйраг санитарон дохтыр.

Коцты Марина ӕрсидт ӕмбӕстӕгтӕм, цӕмӕй ӕххӕст кӕной санитарон уагдоны рекомендацитӕ.

коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.06.2021
Хуссар Иры иу суткӕмӕ коронавирус рабӕрӕг ис 13 адӕймагӕн - "Югосетпотребнадзор"

"Цӕмӕй карантинон арӕнӕвӕрдтӕ ма бакӕной, уый тыххӕй республикӕйы алкӕцы ӕмбӕстаг дӕр хъуамӕ ӕххӕст кӕна профилактикӕйы элементарон мадзӕлттӕ", - фехъусын кодта уый.

Сӕйраг санитарон дохтыр банысан кодта, поликлиникӕйы дарддӕр уагъд кӕй цӕуы вакцинаци коронавирусы ныхмӕ, ӕмӕ ӕрсидт цӕрджытӕм бӕрнон ахаст дарын сӕхи ӕмӕ сӕ хиуӕтты ӕнӕниздзинадмӕ.

Коцты Марина ма бафтыдта, зӕгъгӕ, коронавирусӕй рынчынтӕ ӕмӕ семӕ чи контакт кодта, уыдон хъуамӕ уой хиизоляцийы дыууӕ къуырийы дӕргъы.

Ног хабӕртты лентӕ
0