"Саразæм аргъуан иумæ": Цхинвалы ацæудзæн хӕрзаудӕн концерт

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы Иоанн Дзуарӕфтауӕджы номыл аргъуан
Цхинвалы Иоанн Дзуарӕфтауӕджы номыл аргъуан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.06.2021
Рафыссын
Мадзалы цы фæрæзтæ æрæмбырд уой, уыдон се ʻппæт дæр здæхт æрцæудзысты Цхинвалы Иоанн Дзуарӕфтауӕджы номыл аргъуаны арæзтадмæ

ЦХИНВАЛ, 25 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссары Ирыстоны зарӕггӕнджыты къорд Цхинвалы цӕгаттаг хайы аргъуаны арӕзтадӕн баххуыс кӕныны нысанӕн ратдзӕн хӕрзаудӕн концерт "Саразæм аргъуан иумæ", фехъусын кодта Sputnik мадзалы организатор, зарӕггӕнӕг Лалыты Альберт.

Концерт ацӕудзӕн 12 июлы Цхинвалы культурӕйы хӕдзары.

"Бафӕндыд нӕ баххуыс кӕнын, Цхинвалы микрорайон "Мӕскуыйаджы" бахизӕны цы аргъуан цӕуы амад, уый арӕзтадӕн. Мӕ фарсмӕ балӕууыдысты мӕ хӕлӕрттӕ Бететы Алим, Хетӕгкаты Валерия, Плиты Лана, Игорь Тасо, Хатты Сослан, Икъаты Милена ӕмӕ Мӕргъиты Лейла", - загъта зарӕггӕнӕг.

Лылыты Альберты ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый ма уымӕй размӕ дӕр сарӕзта хӕрзаудӕн концерт.

"Уӕд та фӕрӕзтӕ здӕхт ӕрцыдысты рынчын сывӕллӕтты хоскӕнынӕн ӕмӕ тыхст бинонты зӕнӕгӕн лӕвӕрттӕн", - бафтыдта уый.

Иоанн Дзуарӕфтауӕджы номыл аргъуаны арæзтад цæуы ныр цалдæр азы дæргъы. Бæстыхай амад цæуы æххуысы фæрæзтæй. Нырма кувæндон арæзт нæу, фæлæ дзы ныридӕгӕн дæр цæуы Хуыцаумæ скуывдтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0