Цхинвалы тагъд ӕххуысы сӕйраг дохтыр радзырдта, куыд хъӕуы сфӕразын тӕвд боныгъӕдтӕ

© Sputnik / Наталья АйриянТагъд ӕххуыс
Тагъд ӕххуыс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.06.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ныр мӕйы дӕргъы ис тӕвд ӕмӕ сур боныгъӕд. Бонӕй температурӕ вӕййы +30 градусӕй фылдӕр

ЦХИНВАЛ, 28 июн – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы "тагъд ӕххуыс" бон дыууӕ-ӕртӕ хатт ацӕуы фӕсидттӕм тӕвд боныгъӕды аххосӕй, радзырдта Sputnik Цхинвалы Тагъд ӕххуысы станцы сӕйраг дохтыр Хъуылымбегты Эмзар.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, бадзырдты фылдӕр хай вӕййы хистӕр кары ӕмбӕстӕгтӕй, кӕцытӕн вӕййы алыгъуызон иугӕндзойнон низтӕ.

"Ахӕм адӕм хъуамӕ арӕх ма хизой уынгмӕ кӕнӕ уой аууоны. Афтӕ ма сӕ сӕрыл та хъуамӕ уа худ", - банысан кодта Хъуылымбегты Эмзар.

Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, ӕрдзмӕ балцыты рӕстӕджы пайда кӕнын хъӕуы хурӕй бахъахъхъӕныны фӕрӕзтӕй ӕмӕ нӕ хъӕуы дарын даргъдысджын дарӕс, уымӕн ӕмӕ уый тӕвд кӕны буар.

Хуссар Ирыстоны ныр мӕйы дӕргъы ис тӕвд ӕмӕ сур боныгъӕд. Бонӕй температурӕ вӕййы +30 градусӕй фылдӕр. Ацы къуыримӕ боныгъӕд ӕвдисы къӕвдатӕ, фӕлӕ температурӕ бирӕ нӕ фӕкъаддӕр уыдзӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0