Бибылты Анатолий бахӕс кодта бацӕттӕ кӕнын документаци мыздты фӕфылдӕрӕн

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæБибылты Анатолий бахӕс кодта бацӕттӕ кӕнын документаци мыздты фӕфылдӕрӕн
Бибылты Анатолий бахӕс кодта бацӕттӕ кӕнын документаци мыздты фӕфылдӕрӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.06.2021
Рафыссын
Президент дзырд радта, июны мыздимӕ бюджетон фадыджы кусджытӕ кӕй райсдзысты фӕфылдӕргонд мызд ацы аз январӕй фӕстӕмӕ фӕлхыгъдимӕ

ЦХИНВАЛ, 28 июн — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны бюджетон фадыджы аст минӕй фылдӕр кусӕджы июны райсдзысты фӕфылдӕргонд мызд 1 январӕй фӕлхыгъдимӕ, уый тыххӕй хицауады рабадтыл къуырисӕры фехъусын кодта паддзахады сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий.

"Сӕйраг хъусдард здӕхт у ахӕм професситӕм, куыд дохтыртӕ, медицинон хотӕ, ахуыргӕнджытӕ, тренертӕ ӕмӕ культурӕйы кусджытӕ иууылдӕр. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уый у ахсджиаг ӕмӕ хъӕугӕ момент. Июны аст минӕй фылдӕр адӕймагӕн ратдзысты фӕфылдӕргонд мыздтӕ 2021 азы 1 январӕй фӕлхыгъдимӕ", - загъта президент.

Паддзахадон службӕйы тыххӕй дзургӕйӕ Бибылты Анатолий банысан кодта, хицауады сӕрдар ивгъуыд къуыри кӕй бафыста бадзырд уӕрӕсейаг коллегӕтимӕ, ӕмӕ ныр министрӕдтӕн ис хӕслӕвӕрд оперативонӕй аскъуыддзаг кӕнын техникон фарстытӕ ӕмӕ сорганизаци кӕнын мыздты фӕфылдӕр.

Хæбæлаты Аза - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.04.2021
Финансты министр радзырдта, кæмæн æмæ цас фæфылдæр уыдзысты сæ мыздтæ хуссар Иры

Президент бахӕс кодта министрӕдтӕ ӕмӕ уагдӕтты разамонджытӕн ӕввахс рӕстӕджы бацӕттӕ кӕнын ӕнӕмӕнгхъӕугӕ документаци, кӕцыйы руаджы финансты министрад сараздзӕн мызды фӕлхыгъд.

Финансты министр Хӕбӕлаты Аза бахахх кодта, бюджетон фадыджы кусджыты астӕуккаг мызд кӕй уыдзӕн Цӕгат Кавказы федералон зылды 2021 азы мыздты ӕмвӕзадыл.

Мызты фӕфылдӕр ӕмӕ уӕлӕмхасӕн фӕрӕзтӕн, кӕцытӕ хъӕуынц ацы мадзӕлттӕн, уӕрӕсейаг бюджетӕй рахицӕн кӕндзысты 747 милуан сомы, бафтыдта Хӕбӕлаты Аза.

Ног хабӕртты лентӕ
0