Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрады ацӕудзысты ӕвзарӕн ерыстӕ АрМИ-2021 хайад райсынӕн

© МО РЮОХуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрады ацӕудзысты ӕвзарӕн ерыстӕ АрМИ-2021 хайад райсынӕн
Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрады ацӕудзысты ӕвзарӕн ерыстӕ АрМИ-2021 хайад райсынӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.06.2021
Рафыссын
Фарон Хуссар Ирыстоны командӕтӕ фыццаг хайад райстой АрМИ- ерысты ӕмӕ равдыстой бӕрзонд фӕстиуджытӕ

ЦХИНВАЛ, 30 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады сбӕрӕг кӕндзысты иууыл хуыздӕр командӕтӕ Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон хъӕзтыты (АрМИ-2021) конкурсты хайад райсыны фӕдыл. Ӕвзарӕн ерыстӕ ацӕудзысты 5 июлы республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон полигоныл, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ цӕттӕ кӕнынц АрМИ-2021-мӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.06.2021
Фехстой "фондзыл": Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ цӕттӕ кӕнынц АрМИ-2021-мӕ

"Националон ӕфсады командӕтӕ, кӕцыты сконды сты сӕрмагонд нысаниуӕджы ӕмӕ момтоӕхсӕн батальонты ӕфсӕддонтӕ, цӕттӕ кӕнынц хайад райсын конкурсты "Танковый биатлон", "Снайперский рубеж", "Отличники войсковой разведки", "Эльбрусское кольцо". Ацы ерыстӕ ацӕудзысты ацы аз августы кӕрӕтты Уӕрӕсейы Федерацийы регионты", - дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.

Фарон Хуссар Ирыстоны командӕтӕ радтой ӕмбӕлон фӕстиуӕг Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон хъӕзтыты. Сӕхи иттӕг хорз равдыстой танкисттӕ "Танковый биатлон" конкурсы. Уыдон бацахстой ӕртыккаг бынат дыккаг дивизионы.

Националон ӕфсады командӕты конкурстӕм бацӕттӕ кӕныны нысанӕн фӕхуыздӕр кодтой министрады материалон-техникон базӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0