Хуссар Иры санитарон уагдоны радзырдтой коронавирусимӕ уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Natalia Airiyan Коронавирус Хуссар Иры
Коронавирус Хуссар Иры  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.06.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой 14 адӕймагӕн. Фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3 474 онг

ЦХИНВАЛ, 30 июн - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны дыццӕджы коронавирус сбӕрӕг кодтой 14 адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

"Югосетпотребнадзоры лабораторийы ивгъуыд суткӕйы сарӕзтой 96 иртӕсты COVID-19-ы фӕдыл, уыдонӕй 14 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг", - радзырдта Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг.

Фӕстаг суткӕйы медицинон хыгъдӕй систой фондз адӕймаджы, ӕдӕппӕт та тӕссаг инфекцийӕ сӕнӕниз сты 3 391 адӕймаджы. Ныртӕккӕ медикты хъусдарды бын стационар ӕмӕ амбулаторийы сты 83 пациенты.

Пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ республикӕйы коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3 474 онг. Уагдоны ПЦР-лабораторийы инфекцион низы фӕзындӕй фӕстӕмӕ сарӕзтой 24 100 тесты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0