Хуссарирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцӕг Зассеты Арсӕмӕг ссис Европӕйы фыццагады призер

© Из архива тренера Т. КочиеваЗассеты Арсӕмӕг
Зассеты Арсӕмӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.07.2021
Рафыссын
Ирон спортсмен бронзӕйон майданыл тохы рамбылдта молдавиаг богал Даниэл Пиртачийы 10:0 хыгъдӕй

ЦХИНВАЛ, 1 июл — Sputnik. Зассеты Арсӕмӕг Хуссар Ирыстонӕй рамбылдта бронзӕйон майдан Европӕйы чемпионаты уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй 21 азы кары онг фӕсивӕды хсӕн, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Континенталон фыццагады гермайнаг Дортмунды, спортсмен архайдта иууыл уӕззаудӕр уӕзы категорийы – 125 килограммы.

"Зассеты Арсӕмӕг бронзӕйон майданыл тохы рамбылдта Даниэл Пиртачийы (Молдави) 10:0 хыгъдӕй ӕмӕ ссис ерысты призер", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Спортсмен ерыстӕм цӕттӕ кодта тренер Коцты Тамерланы къухдариуӕгады бын.

Зассеты Арсӕмӕг у 2019 азы Уӕрӕсе ӕмӕ дунейы чемпион фӕсивӕды хсӕн. Уӕрӕсейы чемпионаты 2021 азы уый фембылд ӕндӕр хуссарирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцӕг Бестауты Андрейӕн. Фыццагады уӕлахздзау райста балцӕг дунейы чемпионатмӕ, Зассеты Арсӕмӕг та, куыд ӕвзист призер, - ацӕудзӕн континенталон ерыстӕм.

Ног хабӕртты лентӕ
0