Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой 27 ног рынчыны коронавирусӕй

© Sputnik / Евгений Одиноков /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.07.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны санитарон уагдоны радзырдтой COVID-19-имӕ уавӕры тыххӕй республикӕйы. Бон раздӕр республикӕйы сбӕрӕг кодтой 19 рынчыны коронавирусӕй, фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3 520 онг

ЦХИНВАЛ, 2 июл - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой 27 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

"Югосетпотребнадзоры лабораторийы ивгъуыд суткӕйы сарӕзтой 128 иртӕсты COVID-19-ы фӕдыл, уыдонӕй 27 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг", - радзырдта Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг.

Фӕстаг суткӕйы медицинон хыгъдӕй систой фараст адӕймаджы, ӕдӕппӕт та тӕссаг инфекцийӕ сӕнӕниз сты 3 404 адӕймаджы. Ныртӕккӕ медикты хъусдарды бын стационар ӕмӕ амбулаторийы сты 116 пациенты.

Пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ республикӕйы коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3 520 онг. Уагдоны ПЦР-лабораторийы инфекцион низы фӕзындӕй фӕстӕмӕ сарӕзтой 24 323 тесты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0