Цхинвалы сӕвӕрдзысты 200 ног фӕндагон бӕрӕггӕнӕны

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы сӕвӕрдзысты 200 ног фӕндагон бӕрӕггӕнӕны
Цхинвалы сӕвӕрдзысты 200 ног фӕндагон бӕрӕггӕнӕны - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.07.2021
Рафыссын
Ацы нысӕнттӕ нӕ фаг кӕнынц столицӕйы уынгтӕ ӕмӕ алвӕндӕгтыл, сӕ фӕзынд ӕвӕрццӕгӕй бандавдзӕн фӕндагон змӕлды ӕдасдзинадыл

ЦХИНВАЛ, 6 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы уынгтӕ ӕмӕ алвӕндӕгтӕ баххӕст кӕндзысты цухгонд фӕндагон бӕрӕггӕнӕнтӕй, фехъусын кодта Sputnik Паддзахадон автоинспекцийы агитаци ӕмӕ пропагандӕйы хайады хистӕр инспектор Уалыты Альма.

Цхинвалы ныридӕгӕн нӕ фаг кӕны 200 фӕндагон бӕрӕггӕнӕны бӕрц.

"Горӕты администрацийы дӕлбар фӕндагон цалцӕггӕнӕг-арӕзтадон управлени бавнӕлдта, столицӕйы уынгтыл ӕмӕ алвӕндӕгтыл цы бӕрӕггӕнӕнтӕ цух кӕнынц, уыдон ӕвӕрынмӕ. Куыстытӕ райдыдтой централон уынгтӕй", - загъта уый.

Уалыты Альма банысан кодта, ацы ног нысӕнтты фӕзынд ӕвӕрццӕгӕй кӕй бандавдзӕн фӕндагон змӕлды ӕдасдзинадыл.

Хуссар Ирыстоны столицӕйы ӕдӕппӕт ис 800 фӕндагон бӕрӕггӕнӕны ӕмӕ 21 светофоры.

Ног хабӕртты лентӕ
0