Хуссар Иры Цхинвалы районы сараздзысты сывӕллӕттӕн ног фӕзуӕттӕ

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæСывӕллӕтты фӕзуат
Сывӕллӕтты фӕзуат - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.07.2021
Рафыссын
ЦКХ районон хайады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй сывӕллӕттӕн ног хъазӕн фӕзуӕтты арӕзтад райдайдзӕн ацы аз

ЦХИНВАЛ, 9 июл - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы районы администрацийы коммуналон службӕтӕ сараздзысты сывӕллӕттӕн ног фӕзуӕттӕ. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта районы администрацийы дӕлбар Цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады (ЦКХ) разамонӕг Уазӕгты Мевлуд.

"Зар, Ногхъӕу, Сатихъар, Арцеуы, афтӕ ма Таладоны районы сараздзысты хъазӕн зонӕтӕ сывӕллӕттӕн", - банысан кодта ЦКХ разамонӕг.

Дменисы Культурӕйы хӕдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.06.2021
Дменисы Культурӕйы хӕдзар капиталонӕй сцалцӕг кӕндзысты сентябрьмӕ
Уазӕгты Мевлуды ныхӕстӕм гӕсгӕ, районы администраци уӕлдай хъусдард здахы рӕзгӕ фӕлтӕры хъомыладмӕ ӕмӕ йӕ тыхтӕ ратдзӕн се 'вдӕлон рӕстӕг сорганизаци кӕнынӕн.

Амӕйразмӕ районы хицауад хъусын кодта, капиталон цалцӕг кӕй скӕндзысты Къостайы хъӕуы спортивон комплексы бӕстыхай, кӕцы у тынг популярон фӕсивӕды хсӕн.

Фарон районы ЦКХ сног кодта хъӕуы стадион, кӕцыйы ис футболон быдыр ӕмӕ волейболон фӕзуӕттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0