Хуссар Иры хицауад рахицӕн кодта фӕрӕзтӕ хостӕ ӕмӕ медиктӕн фиддонтӕн

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæӕхца
ӕхца - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.07.2021
Рафыссын
Фӕрӕзтӕ - 1,5 милуан сомы онг медиктӕн фиддонтӕн ӕмӕ 5,8 милуанӕй фылдӕр медикаменттӕ самал кӕнынӕн - рахицӕн кӕндзысты хицауады резервон фондӕй

ЦХИНВАЛ, 9 июл - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны министрты кабинет хорзыл банымадта ӕхцайы фӕрӕзтӕ рахицӕн кӕныны фарст медиктӕн разӕнгардгӕнӕг фиддонтӕ раттынӕн ӕмӕ коронавирусимӕ тох кӕнынӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг медикаменттӕ самал кӕнынӕн.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.06.2021
Хуссар Иры хицауад сфидар кодта фиддонтӕ медиктӕ ӕмӕ волонтертӕн COVID-19-имӕ тохы тыххӕй

Фӕрӕзтӕ рахицӕн кӕндзысты хицауады резервон фондӕй.

"Дзырд цӕуы Республикон бирӕпрофилон медцентры кусджытӕн 2021 азы майӕн сӕрмагонд фиддонтӕ раттыныл", - загъта финансты министр Хӕбӕлаты Аза хицауады рабадтыл.

Ацы нысанӕн хицӕнгонд ӕрцӕудзӕн 1,5 милуан сомы онг.

Уымӕй дарддӕр ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕн рахицӕн кӕндзысты 5,8 милуанӕй фылдӕр коронавирусы ныхмӕ тохӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг медикаменттӕ самал кӕнынӕн.

Дыууӕ фарстыл дӕр хицауады уӕнгтӕ сразы сты ӕмхъӕлӕсӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0