Хуссар Иры нысан кӕнынц фидауынгӕнӕг операцийы райдайӕны 29-ӕм афӕдзы бон

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæФидауынгӕнджытӕ
Фидауынгӕнджытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.07.2021
Рафыссын
Сабырад бахъахъхъӕныны фӕдыл ӕмхӕццӕ тыхтӕ ӕрбакодтой гуырдзиаг-ирон конфликты зонӕмӕ Сочийы бадзырдты фӕлгӕтты, кӕцытӕ бафыстой 1992 азы сӕрды Уӕрӕсе, Гуырдзыстон Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны минӕвӕрттӕ

ЦХИНВАЛ, 14 июл – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны нысан кӕнынц Сабырад бахъахъхъӕныны фӕдыл ӕмхӕццӕ тыхты ӕрбаконды 29-ӕм афӕдзы бон.

Ацы аз Фидауынгӕнӕджы боны фӕлгӕтты дидинтӕ сӕвӕрдзысты Фыдыбӕстӕ Хъахъхъӕнӕджы Монументмӕ, афтӕ ма зынгхуыст хъайтарты ингӕнтӕм.

Ацы бон 28 азы размӕ гуырдзиаг-ирон конфликты зонӕмӕ ӕрбакодтой сабырад бахъахъхъӕныны фӕдыл ӕмхӕццӕ тыхтӕ. Уый сӕххӕст кодтой Сочийы бадзырдты фӕлгӕтты, кӕцытӕ бафыстой 1992 азы сӕрды Уӕрӕсе, Гуырдзыстон Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны минӕвӕрттӕ. Фидауынгӕнӕг контингент 16 азы дӕргъы (2008 азы августы онг) уыдон уыдысты регионы цӕрджыты сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинады гарант.

Хуссар Ирыстоны хӕсты амӕттӕгтӕ уыцы момент баисты мингай сабыр цӕрджытӕ, республикӕйы территорийыл басыгътой 117 хъӕуы, 100 мин цӕрӕгӕй фылдӕр ныууагътой сӕ хӕдзӕрттӕ.

2008 азы 8 августы гуырдзиаг ӕфсӕдтӕ бабырстой республикӕмӕ ӕмӕ ныппырх кодтой йӕ столицӕ Цхинвалы хай. Фидауынгӕнджыты гуырдзиаг батальон рахызт иумӕйаг къухдариуӕгадӕй ӕмӕ хайад райста бабырсты. 15 уӕрӕсейаг фидауынгӕнӕджы амардысты.

Фондзбонон хӕсты фӕстӕ фӕцис фидауынгӕнджыты мисси дӕр. Фидауынгӕнджыты цытӕн Цхинвалы централон уынгтӕй иуӕн радтой сӕ ном, афтӕ ма сӕвӕрдтой мысӕн стела.

Ног хабӕртты лентӕ
0