Хуссар Иры президент сарӕзта уӕрӕсейаг вакцинӕ "Спутник V"-йы дыккаг компонент

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий бабӕрӕг кодта РБМЦ
Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта РБМЦ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.07.2021
Рафыссын
Паддзахады сӕргълӕууӕг фыццаг компонент сарӕзта июны кӕрӕтты. РБМЦ балцы рӕстӕджы ма президент ӕрдзырдта Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады ӕмӕ медицинон центры къухдариуӕгадимӕ коронавирусӕй рынчынты хоскӕнынад ӕмӕ вакцинацийы кампанийы тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 16 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий майрӕмбоны бацыд республикон бирӕпрофилон медицинон центрмӕ (РБМЦ) ӕмӕ сарӕзта уӕрӕсейаг вакцинӕ "Спутник V"-йы дыккаг компонент, афтӕ ма ӕрдзырдта Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады ӕмӕ медицинон центры къухдариуӕгадимӕ коронавирусӕй рынчынты хоскӕнынад ӕмӕ вакцинацийы кампанийы тыххӕй. Уый тыххӕй фехъусын кодта паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

"Президент 25 июны сарӕзта уӕрӕсейаг вакцинӕ "Спутник V". Абон та Бибылты Анатолий сарӕзта коронавирусы ныхмӕ прививкӕйы дыккаг компонент", - банысан кодтой пресс-службӕйы.
© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий бабӕрӕг кодта РБМЦ
Хуссар Иры президент сарӕзта уӕрӕсейаг вакцинӕ Спутник V-йы дыккаг компонент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.07.2021
Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта РБМЦ

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сосланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕстаг дыууӕ-ӕртӕ къуыри фӕфылдӕр ис вакцинайы процесс.

"Абон онг вакцинаци рацыдысты 669 адӕймаджы. Дӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, мах нызаказ кодтам уӕлӕмхасӕн вакцинӕтӕ, сӕ нымӕцы уыдзӕн иукомпонентон вакцина "Спутник Лайт". Прививкӕты кабинет кусы боны фыццаг сахаты онг, сӕ нымӕцы улӕфт ӕмӕ бӕрӕгбонон бонты дӕр", - радзырдта министр паддзахады сӕргълӕууӕгӕн.
© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий бабӕрӕг кодта РБМЦ
Хуссар Иры президент сарӕзта уӕрӕсейаг вакцинӕ Спутник V-йы дыккаг компонент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.07.2021
Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта РБМЦ

"Адӕм райдыдтой ӕмбарын вакцинацийы ахсджиагдзинад. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, фыццаджыдӕр, вакцинанци хъуамӕ рацӕуой дохтыртӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон куы фӕрынчын уой, уӕд аннӕ пациенттӕн ничиуал хос кӕндзӕн", - банысан кодта Бибылты Анатолий.

Баныхасы рӕстӕджы республикон соматикон рынчындоны сӕйраг дохтыр Быценты Индира банхъардта саразын сабат кусӕгон бон Югосетпотребнадзорӕн дӕр.

"Пациенттӕ, кӕцытӕ нӕм ӕрбацӕуынц майрӕмбоны, ӕнхъӕлмӕ кӕсынц къуырисӕры онг, цӕмӕй саразой тест коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл. Уый та у ӕгӕр бирӕ рӕстӕг", - загъта уый.

Хуссар Ирыстоны фӕстаг бонты фылдӕр кӕны коронавирусӕй рынчынкӕнынад, республикӕмӕ ӕрцыд COVID-19-ы дыккаг уылӕн. Оперативон штабы скъуыддзагмӕ гӕсгӕ, алкӕцы уагдоны дӕр рекомендаци кӕнынц сӕвӕрын "бахизӕн фильтр" тӕвд барынимӕ, бакӕнын маскӕты ӕмӕ дезинфекцион режим. Афтӕ ма хистӕртӕн куыстӕй ссӕрибар кӕныны бар ис ӕвгъӕдджын сылгоймӕгты, 65 азы карӕй хистӕрдӕр адӕмы, ӕмӕ иугӕндзойнон низтӕй рынчын ӕмбӕстӕгты. Уыдонӕн фиддзысты сӕ мызд дӕр.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕн бахӕс кодтой бацӕттӕ кӕнын медицинон уагдӕттӕ пациентты райсынмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0