Хуссар Иры фӕндӕгтыл иу къуыримӕ ӕрцыд ӕртӕ аварийы, фондз адӕймаджы бахъыгдард сты

© МВД РЮОХуссар Иры фӕндӕгтыл иу къуыримӕ ӕрцыд ӕртӕ аварийы
Хуссар Иры фӕндӕгтыл иу къуыримӕ ӕрцыд ӕртӕ аварийы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.07.2021
Рафыссын
Мидхъуыддӕгты министрады радзырдтой ивгъуыд къуырийы криминогенон уавӕры тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 19 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри ӕрцыд ӕртӕ фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ), хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Цхинвал-Зар трассӕйыл рцыд авари - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.07.2021
Цхинвал-Зар трассӕйыл рцыд авари. Зианбаййафджытӕ бахаудтой рынчындонмӕ

ФТЦ, кӕцыйы фӕстиуӕгӕн бахъыгдард сты фондз адӕймаджы, ӕрцыд Цхинвал-Знауыр фӕндагыл ивгъуыд хуыцаубоны. Шофыр, кӕцы уыд нозтджын, нӕ сырӕхст скъӕрын ӕмӕ ахаудта дӕлбыл.

"ФТЦ фӕстиуӕгӕн фондз адӕймаджы буары цӕфтимӕ бакодтой Республикон бирӕпрофилон медицинон центрмӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Афтӕ ма ивгъуыд къуыри республикӕйы территорийыл регистрацигонд ӕрцыд дыууӕ фыдракӕнды, уыдонӕй иу раргом кодтой. Алыгъуызон фӕткхӕлдты тыххӕй бӕрнмӕ ӕрбаздахтой цалдӕр адӕймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0