Цхинвал-Къуаиса: Хуссар Иры велосипедисттӕ басӕтдзысты зынвадат хӕххон маршрут

© Из личного архива Инги Чехоевой Хуссар Иры велосипедисттӕ басӕтдзысты зынвадат хӕххон маршрут
 Хуссар Иры велосипедисттӕ басӕтдзысты зынвадат хӕххон маршрут - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.07.2021
Рафыссын
"Цхинвал-Къуаиса" балцы фӕстӕ хуссарирыстойнаг велосипедисттӕ нывӕндынц басӕттын иууыл дӕрддзӕф веломаршрут "Цхинвал-Дзӕуджыхъӕу"

ЦХИНВАЛ, 20 июл - Sputnik, Чехойты Инга. Ӕнӕниз цардуаг уарзджытӕ, велосипедистты къорд "Крути педали"-йы хайадисджытӕ нывӕндынц басӕттын зынвадат хӕххон маршрут "Цхинвал-Къуаиса". Балц нывӕндынц ауадзын сабаты, 24 июлы. Уый тыххӕй фехъусын кодта Хӕххон къахдзоныгъты спорт ӕмӕ сноуборды федерацийы президент Тедеты Лери.

"Балцмӕ цӕттӕкӕнынады фӕлгӕтты нӕ командӕ ныридӕгӕн ацыд дыууӕ маршрутыл "Цхинвал-Зар-Гуфта-Цхинвал" ӕмӕ "Цхинвал-Бӕгъиатӕ-Цхинвал". Фӕстаг маршруты дӕргъ уыд 86 километры", - радзырдта Тедеты Лери.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Цхинвалӕй Къуаисамӕ фӕндаг (58 километры) у бирӕ зындӕр, уымӕн ӕмӕ дзы ис вазыгджын фадгуытӕ.

© Из личного архива Инги Чехоевой Хуссар Иры велосипедисттӕ басӕтдзысты зынвадат хӕххон маршрут
Цхинвал-Къуаиса: Хуссар Иры велосипедисттӕ басӕтдзысты зынвадат хӕххон маршрут - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.07.2021
Хуссар Иры велосипедисттӕ басӕтдзысты зынвадат хӕххон маршрут

Къорды активисттӕй иу Ольга Михаилиди куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй горӕт Къуаисамӕ балц уыдон равзӕрстой уымӕн, ӕмӕ уый у республикӕйы иууыл аивдӕр бынӕттӕй иу.

Михаилидийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Къуаисамӕ сӕ фӕндыд ацӕуын фаронӕй фӕстӕмӕ, уыдон сӕхи бафӕлвӕрдтой ӕндӕр маршруттыл ӕмӕ бамбӕрстой, сӕ бон кӕй суыдзӕн.

Ацы маршрутыл ацӕудзысты 20 велосипедистмӕ ӕввахс.

"Цхинвал-Къуаиса" балцы фӕстӕ хуссарирыстойнаг велосипедисттӕй нывӕндынц басӕттын иууыл дӕрддзӕф веломаршрут "Цхинвал-Дзӕуджыхъӕу".

Ног хабӕртты лентӕ
0