Цхинвалы схорзӕхджын кодтой ӕфсӕддонты, кӕцытӕ Хуссар Иры номӕй тох кӕндзысты АрМИ-2021-ы

© МО РЮОЦхинвалы схорзӕхджын кодтой ӕфсӕддонты, кӕцытӕ Хуссар Иры номӕй тох кӕндзысты АрМИ-2021-ы
Цхинвалы схорзӕхджын кодтой ӕфсӕддонты, кӕцытӕ Хуссар Иры номӕй тох кӕндзысты АрМИ-2021-ы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.07.2021
Рафыссын
Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон хъӕзтыты этап "Отличники войсковой подготовки" ацӕудзӕн августы дыккаг хай Новосибирскы

ЦХИНВАЛ, 22 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады хатдзӕгтӕ скодтой ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон хъӕзтыты конкурс "Отличники войсковой подготовки"-йӕн. Уый тыххӕй хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

© МО РЮОЦхинвалы схорзӕхджын кодтой ӕфсӕддонты, кӕцытӕ Хуссар Иры номӕй тох кӕндзысты АрМИ-2021-ы
Цхинвалы схорзӕхджын кодтой ӕфсӕддонты, кӕцытӕ Хуссар Иры номӕй тох кӕндзысты АрМИ-2021-ы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.07.2021
Цхинвалы схорзӕхджын кодтой ӕфсӕддонты, кӕцытӕ Хуссар Иры номӕй тох кӕндзысты АрМИ-2021-ы

Ерысты архайдтой сӕрмагонд батальоны фондз командӕйы, цытджын хъараулы ӕмӕ ахуырадон центры ротӕтӕ. Сӕ хатдзӕгӕм гӕсгӕ сбӕлвырд кодтой хуыздӕр командӕ ӕмӕ хуыздӕр ӕфсӕддон специалистты.

Фыццаг командӕ, кӕцы ацӕудзӕн ерыстӕм, фылдӕр бӕрцӕй конд у ивгъуыд азы ерысты архайджытӕй.

"Уӕлахиздзаутӕн раарфӕ кодта министр Гассеты Ибрагим ӕмӕ сын радта хорзӕхтӕ. Цытджын хъараулы командӕ райста цӕугӕ Кубок фыццаг бынат кӕй рамбылдта, уымӕ гӕсгӕ. Цытджын грамотаты хицау баисты дыккаг ӕмӕ ӕртыккаг бынӕтты хицӕуттӕ, стӕй ма ӕфсӕддонтӕ, кӕцытӕ равдыстой хуыздӕр хатдзӕгтӕ категориты "лучший командир разведывательной группы", "лучший разведчик-сапер", "лучший стрелок", "лучший разведчик", "лучший разведчик-санитар", "лучший разведчик-топограф", - дзыдӕуы хъусинаджы.

Хуссар Ирыстоны командæ ма архайдзысты конкурстæ "Танковый биатлон" æмæ "Эльбрусское кольцо".

© МО РЮОЦхинвалы схорзӕхджын кодтой ӕфсӕддонты, кӕцытӕ Хуссар Иры номӕй тох кӕндзысты АрМИ-2021-ы
Цхинвалы схорзӕхджын кодтой ӕфсӕддонты, кӕцытӕ Хуссар Иры номӕй тох кӕндзысты АрМИ-2021-ы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.07.2021
Цхинвалы схорзӕхджын кодтой ӕфсӕддонты, кӕцытӕ Хуссар Иры номӕй тох кӕндзысты АрМИ-2021-ы
Ног хабӕртты лентӕ
0