Цхинвалы хай ӕртыццӕджы цалдӕр сахатмӕ баззайдзӕн ӕнӕ рухсӕй

© Sputnik / Элина ГабараеваГафезы уынг
Гафезы уынг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.07.2021
Рафыссын
Рухс нӕ уыдзӕн 16.00 сахаты онг, банысан кодтой Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы

ЦХИНВАЛ, 28 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы хуссар хай ӕртыццӕджы цалдӕр сахатмӕ баззайдзӕн ӕнӕ рухсӕй, фехъусын кодтой Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы.

Электроифтонгад ахицӕн кӕндзысты Гафезы уынгыл.

"Цалцӕггӕнӕн куыстыты тыххӕй ӕртыццӕджы, 28 июлы, электроэнерги ахицӕн кӕндзысты Гафезы уынгыл 10.00 сахатӕй", - банысан кодтой "Энергоресурс"-ы

Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, электроэнерги ратдзысты 16.00 сахатыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0