Хуссар Иры иу суткӕмӕ рабӕрӕг кодтой 46 ног рынчыны COVID-19-ӕй

© Sputnik / Максим Блинов /  Ахизын медиабанкмæCOVID-19
COVID-19 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.07.2021
Рафыссын
Бон раздӕр коронавирусон инфекци разынд республикӕйы 42 цӕрӕгӕн, ӕдӕппӕт та пандемийы райдианӕй низ бахӕцыд 4213 адӕймагыл

ЦХИНВАЛ, 29 июл - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы коронавирус сбӕрӕг кодтой 46 адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik цыппӕрӕмы республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, "Югосетпотребнадзор"-ы лабораторийы иу бонмӕ сарӕзтой 281 ПЦР-иртӕсты COVID-19 рабӕрӕг кӕныны тыххӕй.

"Ивгъуыд суткӕйы ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 46тесты. Медицинон хыгъдӕй уыцы бон систой 40 адӕймаджы", - загъта Коцты Марина.

Пандемийы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ уагдоны ПЦР-лабораторийы сарӕзтой 28 минӕй фылдӕр иртӕсты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл. COVID-19 бахӕцыд 4213 адӕймагыл, уыдонӕй 3644 сӕнӕниз сты. Ныртӕккӕ дохтырты хъусдарды бын сты республикӕйы 569 пациенты.

Ног хабӕртты лентӕ
0