Президенты хӕслӕвӕрдмӕ гӕсгӕ Знауыры районы Мугуты хъӕумӕ сараздзысты асфальт

© Sputnik / Руслан ТадтаевПрезиденты хӕслӕвӕрдмӕ гӕсгӕ Знауыры районы Мугуты хъӕумӕ сараздзысты асфальт
Президенты хӕслӕвӕрдмӕ гӕсгӕ Знауыры районы Мугуты хъӕумӕ сараздзысты асфальт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.08.2021
Рафыссын
Мугуты хъӕу у иунӕг, кӕцы фӕстаг ӕзты рцыд асфальт, йӕ иу хай сарӕзтой разамынад, аразинаг та баххӕст кӕндзысты Фӕндагарӕзтады комитет

ЦХИНВАЛ, 3 авг - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Мугуты хъӕумӕ фӕндаг президенты хӕслӕвӕрдмӕ гӕсгӕ бамбӕрздзысты асфальтӕй. Фӕндаг бӕтты столицӕ районы ӕртӕ хъӕуимӕ, фехъусын кодта Sputnik фӕндагон арӕзтады комитеты хистӕр Гуыззыдтаты Эдуард.

Фӕндаджы хай, кӕцы цӕуы Мугут ӕмӕ Тулдзыты хъӕуы мидӕг, уый арӕзт ӕрцыд 2018 азы Знауыры районы тыхтӕй. Ныридӕгӕн фӕндагон службӕты хъусдарды бын бахаудзӕн фӕндаджы 1 800 метры, кӕцы сбӕтдзӕн хъӕу Цхинвал-Знауыры трассӕимӕ.

"Фӕндаг кӕронмӕ арӕзт нӕ уыд. Президенты хӕслӕвӕрдмӕ гӕсгӕ аразӕм цы баззад, уый. Нӕ бӕрны ис 1850 метры дӕргъӕн фӕндаг, йӕ 50 процент цӕттӕ у асфальт кӕнынмӕ. Августы фыццаг хай хъуамӕ баххӕст кӕнӕм куыстытӕ",- загъта Гуыззыдтаты Эдуард.

Хуссар Иры Знауыры районы цалцӕг кӕнынц фӕндаг Арӕнгӕрон хъӕумӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.07.2021
Хуссар Иры Знауыры районы цалцӕг кӕнынц фӕндаг Арӕнгӕрон хъӕумӕ
Дыууӕ хъӕуы ис бирӕ цӕрӕгад, фылдӕр бӕрцӕй цӕрынц фӕндаггӕрӕтты. Хъӕуты цӕрджытӕ бирӕ ӕзты хъаст кодтой фӕндаджы рыджы бын кӕй фӕвӕййынц хъарм рӕстӕг, уымӕй. Сӕрдыгонд бон ацы фӕдагыл цӕуынц улӕфынмӕ донбылгӕрӕттӕм горӕты цӕрджытӕ.

"Раздӕр арӕзт ӕрцыд Тулдзыты хъӕуы мидӕг фӕндаг ӕмӕ Мугутӕн та йӕ иу хай. Ӕвзӕр фӕндагӕй дарддӕр мах тыхсӕм фӕндаджы рыгӕй, ам бирӕ хӕдтулгӕтӕ цӕуы Пронейы донбылгӕронмӕ улӕфынмӕ. Аразинаг ма цы баззад, уый куы баххӕст кӕной, уӕд бынтон сӕрибарӕй сулӕфдзыстӕм", - радзырдта хъӕуы цӕрӕг Виталий.

Ног хабӕртты лентӕ
0