Хуссар Иры сбæрæг кодтой 46 ног рынчыны COVID-19-æй

© Sputnik / Евгений Епанчинцев /  Ахизын медиабанкмæкоронавирус, тест
коронавирус, тест - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.08.2021
Рафыссын
Югосетпотребнадзоры информацимӕ гӕсгӕ, республикӕйы пандемийы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ рабӕрӕг кодтой 4347 фӕрынчынуӕвӕджы

ЦХИНВАЛ, 4 авг - Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны фæстæг суткæ коронавирус сбæлвырд кодтой 46 адæймагæн, фехъусын кодта Sputnik сæйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

"Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы фæстаг суткæ сарæзтой 249 тесты, æвæрццаг бæрæггæнæнтæ равдыстой 46. Ацы æмгъуыд медицинон хъусдардæй систой 20 адæймаджы, дохтырты хъусдарды бын та нырма сты 631 рынчыны", - загъта уый.

Цӕстдардон уагдоны ПЦР-лабораторийы пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй сарӕзтӕуыд 29046 иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 4347. Медикты хъусдардӕй ссистӕуыд 3716 пациенты.

Ног хабӕртты лентӕ
0