Хуссар Ирмӕ официалон балцы ӕрцӕудзӕн Абхазы президент

© Sputnik / Алексей Майшев /  Ахизын медиабанкмæАбхазы президент Аслан Бжания
Абхазы президент  Аслан Бжания - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.08.2021
Рафыссын
Абхазы президент хайад райсдзӕн мысӕн мадзӕлтты, кӕцытӕ нывонд сты 2008 азы августы хӕсты 13-ӕм афӕдзыбонӕн

ЦХИНВАЛ, 5 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстонмӕ официалон визитимӕ ӕрцӕудзӕн Абхазы президент Аслан Бжания, фехъусын кодтой цыппӕрӕмы бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕйы.

"Республикӕ Абхазы президент ӕрцӕудзӕн Хуссар Ирыстонмӕ, цӕмӕй хайад райса 2008 азы августы хӕсты 13-ӕм афӕдзыбонӕн нывонд мысӕн мадзӕлтты. Балц нысангонд у 6-9 августмӕ", - банысан кодтой пресс-службӕйы.

Балцы фӕлгӕтты ацӕудзысты президенттӕ Бибылты Анатолий ӕмӕ Аслан Бжанияйы бадзырдтӕ, афтӕ ма рауӕрӕхгонд ӕмбырд дыууӕ бӕстӕты ӕмгуыстады фарстыты фӕдыл.

Гуырдзыстоны къухдариуӕгады фӕивды фӕстӕ ног президент Михаил Саакашвили ӕрхъавыд хъаугъа тыхы фӕрцы аскъуыддзаг кӕнын. Радон ӕрбабырст райдыдта 2008 азы 8 августы æмбисæхсæвмæ æввахс. Цхинвалы æмæ горæты алыварс хъӕуты Гуырдзыстоны ӕфсад фӕкодта карз ӕхсты бын. Уый фæстæ Цхинвалмæ бабырстой танктæ æмæ гуырдзиаг тыхон структурæты равзаргæ хæйттæ.

Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы ФХМ сӕргълӕуджытӕ сфидар кодтой консультациты нывӕзт дыууӕ азмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.09.2020
Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы ФХМ сӕргълӕуджытӕ сфидар кодтой консультациты нывӕзт дыууӕ азмӕ

Республикӕйы столицӕйӕн ӕрхастӕуыд стыр зиан, фылдӕр кодта сабыр цӕрджыты ӕмӕ фидауынгӕнӕг тыхты ӕхсӕн амӕттӕгты нымӕц.

Ацы трагикон уавӕры уӕрӕсейаг къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта тугкалд ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ бакодта Хуссар Ирыстонмӕ 58 ӕфсады хӕйттӕ ӕмӕ уӕлдӕфон тыхтӕ. Уыдон ӕртӕ боны ӕмгъуыдмӕ ахӕцыдысты агрессорыл республикӕйӕ ӕддӕмӕ.

2008 азы 26 августы УФ уӕды президент Дмитрий Медведев йӕ къух бафыста Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы банымайыны указыл. Ацы хабарыл тынг ӕхсызгонӕй сӕмбӕлдысты республикӕты цӕрджытӕ. Кӕронмӕ бахӕццӕ Хуссар Ирыстоны адӕмы даргъ ӕмӕ зын фӕндаг ӕхсӕнадӕмон банымады бонмӕ.

Уыцы аз 9 сентябры УФ ӕмӕ РХИ-йы ӕхсӕн бындур ӕвӕрд ӕрцыд дипломатон ахастытӕн, 17 сентябры та къухтӕ бафыстой хӕлардзинад, ӕмгуыстад ӕмӕ дыууӕварсон ӕххуысы фӕдыл бадзырдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0