Аслан Бжания бабӕрӕг кодта абхазаг минӕварад Цхинвалы

© Sputnik / Natalia Airiyan Аслана Бжания
Аслана Бжания  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.08.2021
Рафыссын
Къуырисӕры фӕуд кӕны ӕфсымӕрон республикӕйы президенты официалон балц Хуссар Ирыстонмӕ

ЦХИНВАЛ, 9 авг - Sputnik, Козаты Диана. Абхазы президент Аслан Бжания бабӕрӕг кодта республикӕйы минӕварад Цхинвалы йӕ официалон балцы фӕлгӕтты.

Абхазы президент  Аслан Бжания - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.08.2021
Хуссар Ирмӕ официалон балцы ӕрцӕудзӕн Абхазы президент

Абхазы делегаци ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ 6 августы, цӕмӕй хайад райса 2008 азы августы хӕстӕн нывонд мысӕн мадзӕлтты. Йӕ ацыды размӕ абхазаг лидер фембӕлд республикӕйы минӕваримӕ Хуссар Ирыстоны Елбачиты Аланимӕ.

Минӕвар радзырдта президентӕн дипломатон миссийы архайды фӕдыл, бавдыста бархионты номхыгъд, кӕцытӕ хайад истой Абхазы Фыдыбӕстон хӕсты.

"Мах нӕ бон куыд у, афтӕ ӕххуыс кӕнӕм фӕмардуӕвджыты бинонтӕн ӕмӕ бархионтӕн", - загъта Елбачиты Алан.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, минӕварады территорийыл арӕх уагъд цӕуынц фембӕлдтӕ абхазаг диаспорӕйы уӕнгтимӕ, ам банысан кӕнынц Бархионы бон ӕмӕ Абхазы Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы бон.

"Мах цӕттӕ стӕм сфидар ӕмӕ райтынг кӕнын нӕ ӕфсымӕрон ахастытӕ", - баныфсӕвӕрдта минӕвар.

Елбачиты Алан банысан кодта, ацы хъуыддагӕн кӕй ис алы уавӕртӕ дӕр, арӕзт ӕрцыд хорз барадон базӕ, кӕцы хъӕуы ӕххӕст кӕнын архӕйдтытӕй.

Афтӕ ма минӕвар радта уазджытӕн зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ.

Аслан Бжанияйы цӕст бауарзта минӕварадӕн хорз ӕнтыстытӕ сӕ куысты. Абон ма президент ӕрныхас кодта йе ‘мбӕстӕгтимӕ, абхазаг диаспорӕйы уӕнгтимӕ Хуссар Ирыстоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0