Дзауы районы ссардтой 2008 азы Фондзбонон хӕсты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

© Photo : Пресс-служба Дзауского района Дзауы районы ссардтой 2008 азы Фондзбонон хӕсты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
Дзауы районы ссардтой 2008 азы Фондзбонон хӕсты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.08.2021
Рафыссын
Дзауы районы ӕрвылаз уагъд цӕуынц фыдохы мадзӕлттӕ августы хӕсты мысӕнӕн

ЦХИНВАЛ, 9 авг — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ацыдысты фыдохы мадзӕлттӕ, кӕцытӕ нывонд уыдысты 2008 азы хӕсты 13-ӕм афӕдзы бонӕн. Районон администрацийы пресс-секретарь Тедеты Лиана куыд фехъусын кодта Sputnik, афтӕмӕй районы цӕрджытӕ ссардтой гуырдзиаг агрессийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ дидинтӕ сӕвӕрын ӕмӕ фыдохы митингӕй. 

© Photo : Пресс-служба Дзауского района Дзауы районы ссардтой 2008 азы Фондзбонон хӕсты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
Дзауы районы ссардтой 2008 азы Фондзбонон хӕсты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.08.2021
Дзауы районы ссардтой 2008 азы Фондзбонон хӕсты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

"Хӕсты райдайӕны афӕдзы бон, поселочы райсом сӕвӕрдтой дидинтӕ ӕмӕ веноктӕ Кад ӕмӕ Мысӕн Аллейы, цы ран хайад райстой тыхон структурӕты минӕвӕрттӕ ӕмӕ районы администрацийы кусджытӕ. Уый фӕстӕ уыдон бабӕрӕг кодтой фӕмардуӕвджыты ингӕнтӕ ӕмӕ сын ссардтой сӕ рухс нӕмттӕ", - банысан кодта Тедеты Лиана.

© Photo : Пресс-служба Дзауского района Дзауы районы ссардтой 2008 азы Фондзбонон хӕсты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
Дзауы районы ссардтой 2008 азы Фондзбонон хӕсты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.08.2021
Дзауы районы ссардтой 2008 азы Фондзбонон хӕсты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

Мысӕн мадзӕлтты дыккаг хай ацыд 8 августы изӕры – уӕд районы ацыд акци "Мысӕн цырагъ" дӕр.

"Ивгъуыд азтӕм абаргӕйӕ, ацы хатт цъусдӕр адӕм ӕрӕмбырд коронавирусы пандемийы аххосӕй. Фыдохы митингы ралӕууыдысты районы ӕфсӕддон комиссар Санахъоты Юрий ӕмӕ поселочы скъолайы ахуыргӕнӕг Коцты Роза", - радзырдта Тедеты Лиана.

© Photo : Пресс-служба Дзауского района Дзауы районы ссардтой 2008 азы Фондзбонон хӕсты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
Дзауы районы ссардтой 2008 азы Фондзбонон хӕсты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.08.2021
Дзауы районы ссардтой 2008 азы Фондзбонон хӕсты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

Мадзалы кӕрон иу уысм алӕууыдысты ӕдзӕмӕй ӕмӕ суагътой уӕларвмӕ тымбылӕгтӕ 2008 азы хӕсты амӕттӕгты мысӕнӕн.

Гуырдзыстон 2008 азы 8 августы ӕхста Хуссар Ирыстон "Град"-ӕй, Гуырдзыйы ӕфсӕдтӕ ӕрбабырстой республикӕмӕ. Уӕрӕсе, Хуссар Ирыстоны цӕрджыты хъахъхъӕнгӕйӕ, кӕцыты стыр хай райста УФ ӕмбӕстӕггад, бакодта йе 'фсӕдты республикӕмӕ ӕмӕ фондзбонон хӕсты фӕстӕ фӕтардта Гуырдзыстоны ӕфсӕдты. Мӕскуы 2008 азы 26 августы банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0