Бибылты Анатолий тӕфӕрфӕс ракодта Цӕгат Иры сӕргълӕууӕгӕн рынчындоны трагедийы фӕдыл

© Sputnik / Наталья АйриянБибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.08.2021
Рафыссын
Уый размӕ Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан равдыста цӕттӕдзинад баххуыс кӕнын йӕ коллегӕтӕн Цӕгат Ирыстоны

ЦХИНВАЛ, 10 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий тӕфӕрфӕс ракодта Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Сергей Меняйлойӕн Дзӕуджыхъӕуы тагъд ӕххуысы рынчындоны трагедийы фӕдыл, кӕцыйы фӕстиуӕгӕн амардысты 11 пациенты. Уый тыххӕй хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Тагъд ӕххуыс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.08.2021
Хуссар Иры ӕмбӕстӕгтӕ нӕ бахъыгдард сты Дзӕуджыхъӕуы рынчындоны уӕлвӕткон цауы – ӔХМ

"Зӕрдӕхъыгӕй райстам хъусинаг Дзӕуджыхъӕуы тагъд ӕххуысы рынчындоны пациентты амӕлӕты фӕдыл, кӕцытӕ амардысты туаггуыры ифтонггарзы техникон аварийы фӕстиуӕгӕн", - хъусын кӕны Бибылты Анатолийы ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Паддзахады сӕргълӕууӕг тӕфӕрфӕс ракодта фӕмардуӕвджыты бинонтӕн ӕмӕ йӕ цӕст бауарзта фидар ӕнӕниздзинад хъыгдардбаййафджытӕн.

Тагъд ӕххуысы рынчындоны къуырисӕры ӕрцыд авари туаггуыры станцыл – спырх ис зӕххы бын хӕтӕл. Амардысты фараст адӕймаджы. Дыццӕджы фехъусын кодтой ноджы дыууӕ фӕмардуӕвӕджы тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0