Транскам ӕхгӕд у дыккаг суткӕ

© Sputnik / Екатерина ВалиеваТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.08.2021
Рафыссын
Уӕлвӕткон уагдоны ныфс ис, трассӕйыл фӕндагон змӕлд кӕй сног уыдзӕн ӕртыццӕджы, фӕлӕ дырыс прогноз нӕ дӕттынц

ЦХИНВАЛ, 11 авг – Sputnik, Козаты Диана. Транскавказаг автомагистраль ӕхгӕд у дыккаг суткӕ, фӕндагон службӕтӕ иуварс кӕнынц цъыфы зӕйы фӕстиуджытӕ.

Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) радгӕсон хайады фехъусын кодтой, куыстытӕ кӕй сног кодтой райсом раджы, фӕлӕ трассӕйыл фӕндагон змӕлдыл тобӕй кӕй сисдзысты, уый фӕдыл дырыс прогноз нӕй.

"Фӕндаг нырма дӕр у ӕхгӕд. Куыстытӕ цӕуынц райсомӕй фӕстӕмӕ. Фӕндагон змӕлд кӕд сног кӕндзысты, уый нырма бӕрӕг нӕу", - загътой уагдоны.

Республикӕйы дыццӕджы ӕхсӕв уыд тыхдымгӕ ӕмӕ тӕрккъӕвда. УУМ радгӕсоны информацимӕ гӕсгӕ, ӕвзӕр боныгъӕд нӕ бандӕвта Транскамы уавӕрыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0