Хуссар Иры Ленингоры районы ссардтой адӕймаджы сӕргӕхц

© Sputnik / Ада БагианЛенингоры район
Ленингоры район - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.08.2021
Рафыссын
Ныртӕккӕ уагъд цӕуынц оперативон-сгарӕн мадзӕлттӕ, кӕцытӕ здӕхт сты цы адӕймаджы стӕгдартӕ ссардтой, уый гоймагдзинад сбӕрӕг кӕнынмӕ

ЦХИНВАЛ, 11 авг – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы ссардтой адӕймаджы сӕргӕхц, фехъусын кодта Sputnik районы прокурор Хъуылымбегты Алан. Уый банысан кодта, адӕймаджы стӕгдартӕ ссардтой уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ бӕстыхӕйттӕй иуы, кӕцы у блиндажы хуызӕн.

"Районы прокуратурӕ, арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ Ленингоры милицийы кусджытӕ уадзынц оперативон-сгарӕн мадзӕлттӕ сӕргӕхц ссарыны бынаты. Арӕнгӕрон хайады кусджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, уым ссардтой ӕрмӕстдӕр сӕргӕхц", - загъта Хъуылымбегты Алан.

Прокурор радзырдта, ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм ӕзты республикӕйы Ленингоры районы ӕбӕрӕгӕй фесӕфтысты фондз адӕймаджы, ӕмӕ гӕнӕн ис ацы сӕргӕхц у уыдонӕй иуы.

"Фӕмардуӕвӕджы гоймагдзинад сбӕрӕг кӕныны фӕдыл сараздзысты ДНК иртӕст ӕбӕрӕгӕй фесӕфгӕты хиуӕтты ДНК-йы бындурыл. Экспертизӕ арӕзт ӕрцӕудзӕн Уӕрӕсейы территорийыл. Мӕ бон зӕгъын нӕу, кӕд нын ратдзӕн хатдзӕг уӕрӕсейаг фарс", - банысан кодта районы прокурор.

Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, цауы ӕууӕлтӕ бӕрӕг уыдзысты оперативон-сгарӕн мадзӕлтты фӕстӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0