Транскамыл байгом ис фӕндагон змӕлд – УУМ

© Sputnik / Natalia Airiyan Ручъы тоннель
Ручъы тоннель - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.08.2021
Рафыссын
Транскавказаг магистраль цӕуы бӕрзонд хӕххон фадгуытыл ӕмӕ у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ. Фӕндаг сӕхгдтой къуырисӕры тӕрккъӕвдайы фӕстиуӕгӕн цыфы зӕй кӕй ӕрцыд, уый тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 12 авг - Sputnik. Транскавказаг автомагистралы фӕндагон змӕлд сног кодтой цыппӕрӕмы ӕмбисӕхсӕв, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны УУМ пресс-службӕ.

Транскам сӕхгӕдтой къуырисӕры изӕры, тӕрккъӕвдайы тыххӕй фӕндагмӕ ӕрцыд цъыфы зӕй. Фӕндагон службӕтӕ дыууӕ боны дӕргъы сыгъдӕг кодтой фӕндаг ӕвзӕр боныгъӕды фӕстиуджытӕй.

"Фӕндагон змӕлд бакодтой автотранспорты алы хуызӕн дӕр Бурон – Цӕгаттаг портал хайы 2021 азы 12 августы 00 сахат 00 минутӕй сӕрмагонд барамынды онг", - банысан кодтой уӕлвӕткон уагдоны.

Транскавказаг магистраль цӕуы бӕрзонд хӕххон фадгуытыл ӕмӕ у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ. Трассӕйы дӕргъ у 164 километры - йӕ уӕрӕсейаг хай у 97 километры.

Ног хабӕртты лентӕ
0