Югосетпотребнадзор фехъусын кодта ног бæрæггæнæнтæ коронавирусы фæдыл

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæCOVID-19
COVID-19 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.08.2021
Рафыссын
Пандемийы райдайӕнӕй Хуссар Ирыстоны COVID-19 æдæппæт бахæцыд 4622 æмбæстагыл, ныртæккæ хоскæнынад цæуынц 710 пациенты

ЦХИНВАЛ, 17 авг - Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны коронавирус сбӕрӕг кодтой 16 адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

"Къуырисæры сарӕзтæуыд 128 тесты, уыдонӕй 16 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Иу суткӕмӕ медицинон хыгъдӕй систой 32 сæнæнизуæвæджы. Дохтырты хъусдарды бын ма сты республикӕйы 710 пациенты", - загъта Коцты Марина.

Хуссар Иры пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй сарӕзтӕуыд 30 983 иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 4622. Медикты хъусдардӕй ссистӕуыд 3912 адæймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0