Хуссар Иры бакӕндзысты 10 фадыджы УФ Думӕмӕ ӕвзӕрстыты рӕстӕджы

© Sputnik / Natalia Airiyan Уӕрӕсейы минӕварады бӕстыхай
Уӕрӕсейы минӕварады бӕстыхай - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.08.2021
Рафыссын
Уӕрӕсейы Паддзахадон думӕмӕ депутатты ӕвзӕрстытӕ ацӕудзысты сентябры кӕрӕтты. Хъӕлӕсӕппӕрсты хайад райсыны фадат уыдзӕн Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ цӕрынц республикӕйы

ЦХИНВАЛ, 20 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕ ӕмӕ районты бакӕндзысты дӕс фадыджы УФ Паддзахаодн думӕмӕ депутатты ӕвзӕрстыты хъӕлӕскӕнынадӕн, хъусын кӕны республикӕйы уӕрӕсейаг минӕварады официалон фарс Facebook-ы.

"Уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ цӕрынц Хуссар Иры, Цхинвалы бакӕндзысты ӕхсӕз ӕвзарӕн фадыджы: Цоциты Василийы уынгыл Уӕрӕсейы минӕварады бӕстыхайы, Дмитрий Медведевы уынгыл 1-ӕм скъолайы, Джиоты Аланы проспектыл 5-ӕм скъолайы, Фидауынгӕнджыты уынгыл Профцӕдисты бӕстыхайы, Герцены уынгыл бирӕпрофилон колледжы бӕстыхайы, афтӕ ма ӕфсӕддон хайады 66431", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Афтӕ ма схъӕлӕс кӕныны фадат уыдзӕн паселоктӕ Дзау ӕмӕ Знауыры - районон администрациты бӕстыхӕйтты, Ленингоры поселочы - Культурӕйы хӕдзары ӕмӕ Къуаисайы - горӕттаг клубы бӕстыхайы.

Паддзахадон думӕмӕ ӕстӕм ӕрсидтмӕ ӕвзӕрстытӕ ацӕудзысты 2021 азы 19 сентябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0