УФ экономикон райрӕзты министрады делегаци бабӕрӕг кӕндзӕн объекттӕ Цхинвал ӕмӕ Къуайсайы

© Sputnik / Natalia AiriyanУФ экономикон райрӕзты министрады делегаци бабӕрӕг кӕндзӕн объекттӕ Цхинвал ӕмӕ Къуайсайы
УФ экономикон райрӕзты министрады делегаци бабӕрӕг кӕндзӕн объекттӕ Цхинвал ӕмӕ Къуайсайы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.08.2021
Рафыссын
Знон уӕрӕсейаг уагдоны минӕвӕрттӕ хайад райстой кусӕгон рабадты Хуссар Ирыстоны премьер-министр Бекъойты Геннадийы къухдариуӕгады бын

ЦХИНВАЛ, 24 авг - Sputnik. Уӕрӕсейы экономикон райрӕзты министрады минӕвӕрттӕ бабӕрӕг кӕндзысты Инвестпрограммӕйы объекттӕ Цхинвал ӕмӕ Къуайсайы, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны хицауады пресс-службӕ.

Арӕзтады министр Зӕгъойты Эдуарды пресс-конференци  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.04.2021
Арӕзтады министр радзырдта, цавӕр объекттӕ араздзысты 2021 азы Хуссар Иры

Мӕскуыйаг делегаци ис республикӕйы кусӕгон балцы, 23-ӕй 25-ӕм августы онг. Йӕ сконды сты Уӕрӕсейы экономикон райрӕзты министрады сӕрмагонд программӕтӕ ӕмӕ проектты департаменты директор Виталий Гудин, йӕ хӕдивӕг Антон Мельник, Уӕрӕсейы таможнӕйон службӕйы сӕйраг специалист-эксперт Хуссар Ирыстоны Олег Семашко ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Делегацийы уӕнгтӕ уыдысты Дзауы районы, цы ран бабӕрӕг кодтой объекттӕ, кӕцытӕ арӕзт цӕуынц Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты. Афтӕ ма знон уӕрӕсейаг уагдоны минӕвӕрттӕ хайад райстой кусӕгон рабадты Хуссар Ирыстоны премьер-министр Бекъойты Геннадийы къухдариуӕгады бын.

"Инвестпрограммӕйы реализаци у республикӕйы райрӕзты иууыл ахсджиагдӕр здӕхт. Мах уырны, ацы азы программӕ рӕстӕгыл ӕмӕ гъӕдджынӕй ӕххӕст кӕй ӕрцӕудзӕн, аскъуыддзаг кӕндзысты бюджетниктӕ ӕмӕ паддзахадон службӕгӕнджыты мыздтӕ фӕфылдӕр кӕнын фарст дӕр. Мах бузныг дзурӕм нӕ уӕрӕсейаг коллегӕтӕн республикӕйы социалон-экономикон райрӕзтӕн ӕххуысы тыххӕй", - загъта Бекъойты Геннадий.

Виталий Гудин банысан кодта, кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы пайдаджын ӕмгуыстад ӕмӕ эффективон ӕмархайдмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0