Сабитӕ ӕфснайынц хистӕрты фӕстӕ: Хуссар Иры ацыд квест-зиу

© Facebook / Зеленая АланияХуссар Иры ацыд квест-зиу
Хуссар Иры ацыд квест-зиу - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.08.2021
Рафыссын
Мадзалы райдайӕн этапы цыппар командӕ горӕты хицӕн районы сывӕллӕтты скондӕй ӕмбырд кодтой бырон сӕрмагонд фӕзуатты. Хуссар Иры столицӕйы уыдон фервӕзын кодтой ӕрдӕг тоннӕ быронӕй

ЦХИНВАЛ, 30 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны сабиты къордтӕ ӕрӕмбырд кодтой ӕрдӕг тоннӕ авг ӕмӕ пластик Цхинвалы, иу стыр уӕзласӕн хӕдтулгӕйы дзаг та горӕты сӕрмӕ фӕлгӕсӕн фӕзуаты.

© Facebook / Зеленая АланияХуссар Иры ацыд квест-зиу
Сабитӕ ӕфснайынц хистӕрты фӕстӕ: Хуссар Иры ацыд квест-зиу - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.08.2021
Хуссар Иры ацыд квест-зиу

Ӕфснайӕн мадзал ацыд экологикон организаци "Зеленая Алания" ӕмӕ бырон рацаразыны организаци "Чистый мир"-ы хъӕппӕрисӕй.

"Мӕ дыууӕ фырты Дзӕгъиаты Хсар ӕмӕ Георгий ахӕм амондджынӕй ӕрцыдысты, лӕвӕрттимӕ. Сӕхи рӕвдз кӕнынц ног акцимӕ. Бӕргӕ раст нӕу, сабитӕ хистӕрты фӕстӕ кӕй ӕфснайынц, фӕлӕ уадз ӕмӕ цайдагъ кӕной хорздзинад тауыныл", - радзырдта Цхинвалы цӕрӕг Пухаты Алла.

Мадзал ацыд квесты хуызы, йӕ райдайӕн этапы цыппар командӕ горӕты хицӕн районы сывӕллӕтты скондӕй ӕмбырд кодтой бырон сӕрмагонд фӕзуатты. Ӕлхынцъгӕнӕн этапы ацыд хуыцаубоны.

Хуссар Иры волонтертӕ бафснайдтой Джеры дзуары алфамбылай - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.05.2020
Дыууӕ Камазы дзаг бырон: Хуссар Иры волонтертӕ бафснайдтой Джеры дзуары алфӕмбылай

"Иттӕг хорз ацыд. Тынг тыхстыстӕм сабитимӕ кусынӕй, фӕлӕ сӕхи дардтой хорз, схӕлар сты, фӕстагмӕ сӕ ерыс дӕр ферох ис ӕмӕ бырон ӕмбырд кодтой иумӕ. Компани "Чистый мир"-ы бардарӕг Тедеты Вадим дӕр зӕрдӕ барухс кодта - 10 сомы дӕтта пластикы килограммӕн, авгӕн - иу сом ӕмӕ 20 сом та алюминийӕн", - загъта экологикон организаци "Зеленая Алани"-йы хистӕр Габайты Зӕлинӕ.

Хуыцаубоны ӕфснайынӕн равзӕрстой Цхинвалы сӕрмӕ фӕлгӕсӕн фӕзуат, кӕцы у цӕрджытӕ уарзон улӕфӕн бынат.

"Сывӕллӕтты нӕ тынг бафхӕрын нӕ бафӕндыд, уымӕ гӕсгӕ ӕххӕст бон нӕ бакуыстам. Иу уӕзласӕн хӕдтулгӕ байдзаг ӕмӕ йыл зынгӕ дӕр нӕ ракодта", - бафтыдта уый.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, зиуы ӕдӕппӕт архайдта цыппар командӕйы.

"Чистый Ирыстон" бацахста фыццаг бынат, уыдон бафснайдтой Дзабиты Геннадийы ӕмӕ Советон уынджы алвӕндаг, ӕрӕмбырд кодтой 300 кг бырон. Дыккаг бынатыл ацыд "Кибер альянс", ӕртыккагыл - "Чистая Осетия" ӕмӕ иууыл кӕстӕртӕ та уыдысты "Мушкетеры". Бынат сӕйраг нӕ уыд - "Чистый мир" ӕнӕ лӕвар нӕ никӕй ныууагъта", - загъта Габайты Зӕлинӕ.

Уый ма бузныджы ныхӕстӕ загъта амалиуӕггӕнӕг Уалыты Робертӕн, кӕцы сабитӕн балӕггад кодта салдӕгтӕй.

Экологикон организаци "Зеленая Алания" ӕмӕ бырон рацаразыны организаци "Чистый мир" та фӕззӕджы дӕр ногӕй ӕрсиддзысты акцитӕм.

© Facebook / Зеленая АланияХуссар Иры ацыд квест-зиу
Сабитӕ ӕфснайынц хистӕрты фӕстӕ: Хуссар Иры ацыд квест-зиу - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.08.2021
Хуссар Иры ацыд квест-зиу
Ног хабӕртты лентӕ
0